1 Ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо Йемӕ рахуыдта Петры, Йаковы ӕмӕ уымӕн йе ’фсымӕр Иоанны, скодта сӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ уым хибарӕй уыдысты.
Сӕ разы Йӕ хуыз аивта — Йӕ цӕсгом сӕрттывта хурау, Йӕ дарӕс та рухсау урс-урсид фестади.
Йемӕ акодта Петры, стӕй Зеведейы дыууӕ фырты. Йӕхимидӕг райдыдта хъынцъым ӕмӕ ӕрхӕндӕг кӕнын.
Йесо Елеоны хохыл Кувӕндоны бакомкоммӕ куы бадти, уӕд Ӕй Петр, Йаков, Иоанн ӕмӕ Андрей хибарӕй бафарстой:
Ӕмӕ Йемӕ ацӕуын никӕй бауагъта, Петр, Йаков ӕмӕ Йаковы ӕфсымӕр Иоанны йеддӕмӕ.
Ӕмӕ йын йӕ хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд Петр, Иоанн ӕмӕ Йаков, стӕй сабийы фыд ӕмӕ мады йеддӕмӕ никӕй бауагъта Йемӕ мидӕмӕ бацӕуын.
Ныр уӕм ӕртыккаг хатт цӕуын. «Алы хъуыддаг дӕр хъуамӕ дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны раз ӕвзӕрст цӕуа».
Мах уын нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы хъаруйы ӕмӕ Йе ’рцыды кой куы кодтам, уӕд кӕйдӕр ӕрымысгӕ рӕсугъд аргъӕуттӕ нӕ фӕзмыдтам — нӕхи цӕстӕй Йын федтам Йе стыр кад.
Уыцы уӕларвон хъӕлӕс мах фехъуыстам нӕхӕдӕг, сыгъдӕг хохыл Йемӕ куы уыдыстӕм, уӕд.