Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 16:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Йесо бамбӕрста, сӕ ныхас цӕуыл у, уый ӕмӕ сын загъта: «Лӕмӕгъуырнджытӕ, дзул уӕм кӕй нӕй, уый кой цӕмӕн кӕнут?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 16:8
9 Iomraidhean Croise  

Йесо йӕм уайтагъд Йӕ къух бадардта, схӕцыди йыл ӕмӕ йын загъта: «Лӕмӕгъуырнӕг, цӕмӕн фӕдызӕрдыг дӕ?»


Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Немӕ дзул кӕй нӕ райстам, уый тыххӕй нын афтӕ зӕгъы».


Абон чи ис, райсом та пецы кӕй баппардзысты, уыцы быдираг зайӕгхалы Хуыцау афтӕ кӕм фӕлынды, уым сымах ӕнӕ дарӕсӕй куыд ныууадздзӕни, лӕмӕгъуырнджытӕ!


Йесо сын дзуапп радта: «Афтӕ тӕппуд цӕмӕн стут, лӕмӕгъуырнджытӕ?» Сыстади, уад ӕмӕ денджызӕн бардзырд радта, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр ис.


Ӕппынфӕстаг Йесо Йӕ иуӕндӕс ахуыргӕнинагмӕ раргом ис, фынджы уӕлхъус куы бадтысты, уӕд. Ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыд, сӕ зӕрдӕтӕ ӕхгӕд кӕй разындысты ӕмӕ, Йӕ райгасы фӕстӕ Йӕ чи федта, уыдоныл кӕй нӕ баууӕндыдысты, уый тыххӕй.


Ныр уынӕм: Ды ӕппӕт дӕр зоныс. Ды развӕлгъау фӕзоныс, цӕмӕй Дӕ фӕрсдзысты, уый. Ӕмӕ нӕ уымӕй уырны: Ды Хуыцауӕй ӕрцыдтӕ».


Уымӕн сусӕг ницы ис дунесфӕлдысты. Мадард бӕгънӕгау гом у алцы Йӕ цӕсты раз, дзуапп Кӕмӕн дӕтдзыстӕм, Уымӕн.


Йӕ сывӕллӕтты дӕр ын амардзынӕн; уӕд ӕппӕт аргъуантӕ дӕр базондзысты, Ӕз адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕй уынын, уый, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр кӕй йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan