Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 16:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Райсомӕй та фӕзӕгъут: „Абон къӕвда уыдзӕн — арв сырх-сырхид ӕмӕ хъуынтъыз у“. Арвмӕ кӕсгӕйӕ, боныхъӕд иртасын куы зонут, уӕд ацы рӕстӕджы цаутӕ раиртасын уӕ бон нӕу?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 16:3
11 Iomraidhean Croise  

Иссахары хӕдзарвӕндагӕй ӕрцыди дыууӕсӕдӕ хистӕры. Уыдон зыдтой, Израилы адӕмы кӕд цы кӕнын хъуыди, уыдӕттӕ. Семӕ-иу сразы сты се ’ппӕт ӕрвадӕлтӕ дӕр.


куырмытӕ райдыдтой уынын, цӕнкуылтӕ — цӕуын, хъотырджынтӕн сӕ низ сӕфы, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц Фарны Уац.


Дыдзӕсгӕмттӕ! Сымах тыххӕй пехуымпар Исайа хорз загъта:


Фӕлӕ сын Йесо бамбӕрста сӕ фыдвӕнд ӕмӕ загъта: «Дыдзӕсгӕмттӕ, цы Мӕ фӕлварут?


Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Адӕмӕн Уӕларвон Паддзахады дуар ӕхгӕнут; уӕхӕдӕг дӕр ӕм нӕ цӕут ӕмӕ йӕм бацӕуын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут.


Йесо зылдис ӕгас Галилейыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хъусын сын кодта Фарны Уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, дзӕбӕх кодта рынчынтӕ ӕмӕ нӕфӕразгӕты иууылдӕр.


Дыдзӕсгом! Дӕхи цӕстӕй уал къала бӕлас сис, стӕй базондзынӕ, де ’фсымӕры цӕстӕй ӕрду куыд райсын хъӕуы, уый дӕр.


Сар уӕ сӕр! Сымах стут, бӕрӕг чи нӕ дары ӕмӕ, уый нӕ зонгӕйӕ, адӕм кӕуыл рацу-бацу кӕнынц, уыцы рох ингӕнты хуызӕн».


Дыдзӕсгӕмттӕ! Зӕххыл ӕмӕ арвыл цы уынут, уый иртасын куы зонут, уӕд ныры рӕстӕг раиртасын уӕ бон цӕуылнӕ у?


Йесо йын дзуапп радта: «Дыдзӕсгӕмттӕ, алчидӕр уӕ сабаты йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕджы кӕвдӕсӕй не суадзы ӕмӕ йӕ донмӕ нӕ аскъӕры?


Хъӕбӕр хойраг, йӕ фӕлтӕрддзинады фӕрцы хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасынмӕ чи арӕхсы, уыцы хъомылты у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan