27 Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕни Йӕ Фыды кадимӕ, Йӕ зӕдтимӕ, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ратдзӕни.
Адӕймагӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиды, чи цы аккаг у, уый айсы.
Паддзах та цин кӕндзӕни Хуыцауыл. Хуыцауӕй сомыгӕнджытӕ райдзысты, фӕливджытӕ та багомыг уыдзысты.
Ды зӕгъдзынӕ: «Ӕмӕ мах уый тыххӕй куы ницы зыдтам!» Фӕлӕ зӕрдӕтӕ Фӕлварӕг, ау, ницы зоны? Дӕ цард Хъахъхъӕнӕг зоны алцыдӕр, алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзӕн.
Мӕхицӕн загътон: «Хуыцау рӕстудӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнӕгӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн, алцӕмӕн дӕр йӕхи афон ис».
Ӕз, Дунедарӕг, адӕймаджы зӕрдӕ уынын, йӕ уд ын фӕлварын, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр йӕ митӕм ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафидон».
Ӕгӕрон хъомыс — Йӕ фӕндты, Йӕ хъуыддӕгтӕ — ӕнӕнымӕц! Уый адӕмӕн сӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр уыны, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ фӕндагмӕ, йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиды.
Тӕригъӕдтӕ чи кӕны, уый та амӕлдзӕни. Фыды азым фыртӕй не ’рдомдӕуыдзӕн, фырты азым та — фыдӕй. Рӕстгӕнӕгӕн йӕ рӕстад баззайдзӕни йемӕ, ӕнаккагӕн та тӕрхонгӕнӕг уыдзысты йе ’наккаг митӕ.
Паддзах дзыназдзӕн, ӕлдар стыр тасы бацӕудзӕн, бӕстӕйы адӕмӕн ризӕг бахӕцдзӕни сӕ къухтыл. Сӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ сын бафиддзынӕн, сӕхӕдӕг иннӕтӕн куыд тӕрхон кодтой, афтӕ сын стӕрхон кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».
Йӕ паддзахы бадӕн — арт, йӕ цӕлхытӕ артау цӕхӕр калынц, Йӕ цурӕй пиллонкалгӕ арт цӕугӕдонау размӕ бырсы. Лӕггад Ын кӕнынц мин-минтӕ, уырдыг Ын лӕууынц ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ. Байгом сты чингуытӕ, ӕмӕ тӕрхон райдыдта.
Ӕмӕ сымах, Ӕз дыууӕ хохы астӕу кӕй сараздзынӕн, уыцы дӕлвӕзыл лидздзыстут. Уый аххӕсдзӕни суанг Ацалы онг. Иудейаг паддзах Озиайы заман зӕххӕнкъуыстӕй куыд лыгъдыстут, афтӕ та лидздзыстут. Ӕмӕ уӕд фӕзындзӕни Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Йемӕ та — сыгъдӕджытӕ иууылдӕр.
Адӕймаджы Фырт рарвитдзӕни Йӕ зӕдты, ӕмӕ Йын уыдон Йӕ Паддзахадӕй, йӕхӕдӕг тӕригъӕдджын чи уыди ӕмӕ ма искӕй дӕр тӕригъӕды фӕндагыл чи ардыдта, уыдоны иууылдӕр айсдзысты
Раст афтӕ уыдзӕн, дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд дӕр: ӕрцӕудзысты зӕдтӕ, тӕригъӕдджынты фӕхицӕн кӕндзысты рӕстгӕнджытӕй
Уӕд арвыл фӕзындзӕн Адӕймаджы Фырты ӕвдисӕйнаг. Зӕххон адӕмтӕ иууылдӕр ныккӕудзысты ӕмӕ „Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр хъомыс ӕмӕ кадимӕ ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“.
«Адӕймаджы Фырт ӕппӕт зӕдтимӕ Йӕ кадимӕ куы ’рцӕуа, уӕд сбаддзӕнис Йӕ кадджын бынаты.
Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс. Фӕлӕ уын зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ „Адӕймаджы Фырты уындзыстут Ӕппӕтхъомысы рахизфарс бадгӕ ӕмӕ ӕрвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“».
Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн — ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй».
Йесо загъта: «Ӕз дӕн. Ӕмӕ сымах „Адӕймаджы Фырты фендзыстут Ӕппӕтхъомысы рахизфарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“».
Ацы ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджын фӕлтӕры раз, Мӕн кӕй зоны ӕмӕ мӕ ныхӕстыл Кӕй ӕууӕнды, уый ӕгад кӕмӕ фӕкӕса, уымӕй „мӕ ахуыргӕнинаг у“ зӕгъын Адӕймаджы Фыртмӕ дӕр ӕгад фӕкӕсдзӕн, Йӕ Фыды кадимӕ куы ’рцӕуа сыгъдӕг зӕдтимӕ, уӕд».
Ӕмӕ уӕд „Адӕймаджы Фырты хъомыс ӕмӕ стыр кадимӕ фендзысты ӕврагъыл ӕрцӕйцӕугӕ“.
Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрбаддзӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцауы рахизфарс».
Мӕн ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ йӕхицӕн ӕгадыл чи банымайа, уый Адӕймаджы Фырт дӕр Йӕхицӕн банымайдзӕн ӕгадыл, Йӕхи, Йӕ Фыды ӕмӕ сыгъдӕг зӕдты кадимӕ куы ’рцӕуа, уӕд.
Йесо йын загъта: «Кӕд ӕмӕ Мӕн афтӕ фӕнды, цӕмӕй уый Ме ’рцыдмӕ удӕгас уа, уӕд та? Ды цу Мӕ фӕдыл».
Ӕмӕ айхъуысти ӕфсымӕртыл, уыцы ахуыргӕнинаг нӕ амӕлдзӕни, зӕгъгӕ. Йесо та, нӕ амӕлдзӕни, зӕгъгӕ, нӕ загъта, фӕлӕ: «Кӕд Мӕн афтӕ фӕнды, ӕмӕ Ме ’рцыдмӕ удӕгас уа, уӕд та?»
ӕмӕ загътой: «Галилейӕгтӕ, цы лӕуут ӕмӕ арвмӕ цы кӕсут? Сымахӕй уӕлӕрвтӕм Кӕй систӕуыд, Уыцы Йесо уӕ цӕсты раз уӕларвмӕ куыд ссыд, фӕстӕмӕ дӕр афтӕ ӕрыздӕхдзӕн».
Уӕдӕ махӕй алчидӕр Хуыцауы раз дзуапп ратдзӕн йӕхи тыххӕй.
Хуыцау уӕд алкӕмӕн дӕр саргъ кӕндзӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ:
алчидӕр йӕ рӕстӕджы: фыццаг Чырысти, Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд та — йӕхионтӕ.
алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддаг рабӕрӕг уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддаг бафӕлвардзӕн арт, ӕмӕ арты сбӕрӕг уыдзӕн, цавӕр ын у, уый.
Хойраг мах Хуыцаумӕ нӕ хӕстӕг кӕны: куы нӕ хӕрӕм, уӕд дӕр нӕ ницы сӕфы; куы хӕрӕм, уӕд дӕр ныл ницы ӕфты.
Уымӕн ӕмӕ не ’ппӕты дӕр Чырыстийы тӕрхоны раз ӕрлӕууын бахъӕудзӕни, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцӕуа, йӕ буары ма куы уыди, уӕд хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр цы сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ.
Уӕ зӕрдыл дарут: алчидӕр, цагъар уа ӕви сӕрибар, Бардарӕгӕй райсдзӕни хорзӕх йӕ алы хорз хъуыддаджы тыххӕй дӕр.
Хӕрам хъуыддӕгтӕ чи аразы, уымӕн сӕ бафыстӕуыдзӕн хӕрамӕй — Хуыцау никӕй хъулон кӕны.
ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут уӕлӕрвтӕй Йӕ Фырт Йесойы ӕрцыдмӕ. Уый Хуыцау райгас кодта мӕрдтӕй, ӕмӕ мах ирвӕзын кӕны ӕрцӕуинаг фыдӕхӕй.
Уымӕн ӕмӕ уӕларвон бардзырд ӕмӕ архангелы хъӕлӕс куыддӕр райхъуысой, Хуыцауы сыкъауадындз куыддӕр ныууаса, афтӕ Бардарӕг Йӕхӕдӕг ӕрцӕудзӕн уӕларвӕй, ӕмӕ райгас уыдзысты, Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард, уыдон.
Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, Бардарӕджы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут фӕразонӕй. Мӕнӕ зӕхкусӕг фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы зӕххы зынаргъ бӕркадмӕ, цалынмӕ фӕззыгон ӕмӕ уалдзыгон уарынтӕ ӕрцӕуой, уӕдмӕ.
Чи никӕй хъулон кӕны, алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ Чи хӕссы тӕрхон, кӕд Уый уӕ Фыд хонут, уӕд ӕцӕгӕлон бӕсты уӕ цард ӕрвитут афтӕ, ӕмӕ уӕм Хуыцауы тас куыд уа.
Уӕдӕ, мӕ хуртӕ, уӕд уын иудзинад Чырыстиимӕ, куы ’рцӕуа, уӕд ныфсджын куыд уӕм ӕмӕ Йӕ разы къӕмдзӕстыг куыд нӕ разынӕм, афтӕ.
Уыдоны тыххӕй пехуымпариуӕг кодта Енох дӕр — Адамы байзӕддаджы ӕвдӕм фӕлтӕрӕй: «Мӕнӕ фӕцӕуы Дунедарӕг Йе ’нӕнымӕц сыгъдӕг зӕдтимӕ,
Мӕнӕ Уый ӕврӕгътимӕ ӕрцӕуы, ӕмӕ Йӕ алчидӕр фендзӕн, чи Йӕ барӕхуыста, уыдон дӕр. Ӕмӕ Йӕ разы ныккӕудзысты зӕххон адӕмтӕ иууылдӕр. Афтӕ уыдзӕн ӕцӕг! Аммен.
Йӕ сывӕллӕтты дӕр ын амардзынӕн; уӕд ӕппӕт аргъуантӕ дӕр базондзысты, Ӕз адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕй уынын, уый, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр кӕй йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.
Чи амарди, уыдоны — хуымӕтӕгты ӕмӕ номдзыдты — федтон паддзахы бадӕны раз лӕугӕ. Чингуытӕ гом уыдысты, гом уыд ӕндӕр чиныг дӕр — царды чиныг. Мӕрдтӕ тӕрхонгонд ӕрцыдысты, чингуыты дзы кӕмӕн цы хъуыддӕгтӕ фыст уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ.