Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 16:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмбарын кӕнын райдыдта: хъуамӕ ацӕуа Йерусалиммӕ ӕмӕ уым адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджыты къухӕй бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара; амардзысты йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 16:21
31 Iomraidhean Croise  

Саллу, Амохъ, Хилкиа, Иедайа. Уыдон — алчер Йешуайы рӕстӕджы сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕ.


Уымӕн ӕмӕ Ионӕ стыр кӕсаджы хуылфы ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы куыд фӕци, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы уыдзӕни зӕххы арфы.


Уӕд Ӕй Петр иуварс акодта ӕмӕ Йын уайдзӕф кӕнын райдыдта: «Хуыцау Дӕ бахизӕд уымӕй, Хицау! Уыцы бӕллӕх Дыл ма ӕрцӕуӕд!»


Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сӕ удӕгасӕй фендзысты Адӕймаджы Фырты паддзахы бартимӕ ӕрцӕугӕ».


Фӕлӕ уын зӕгъын: Илийа ныридӕгӕн ӕрцыди, фӕлӕ йӕ нӕ базыдтой ӕмӕ йын, цы сӕ бафӕндыд, уый бакодтой. Афтӕ уыдон хъизӕмӕрттӕ бавзарын кӕндзысты Адӕймаджы Фыртӕн дӕр».


Хохӕй куы ӕрцӕйцыдысты, уӕд сӕ Йесо бафӕдзӕхста: «Цалынмӕ Адӕймаджы Фырт мӕрдтӕй райгас уа, уӕдмӕ, цы федтат, уый макӕмӕн дзурут».


Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕтӕн сӕрибар ӕрхӕссыны сӕраппонд ратта Йӕ цард».


«Сымах зонут: дыууӕ боны фӕстӕ уыдзӕни Куадзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырты дзуарыл байтындздзысты».


Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзындис Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу. Алчертӕ ӕмӕ йын адӕмы хистӕртӕ йемӕ рарвыстой бирӕ адӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ.


Фӕлӕ Йӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ зылын кӕнын куы райдыдтой, уӕд сын Йесо ницы дзуапп радта.


ӕмӕ йын загътой: «Не ’лдар, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, уыцы сайӕгой ма удӕгас куы уыди, уӕд афтӕ кӕй дзырдта: „Ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзынӕн“.


Ам нӕй — райгас ис, куыд загъта, афтӕ. Ӕрбацӕут ӕмӕ фенут, кӕм ӕвӕрд уыди, уыцы бынат.


Ӕмӕ сын райдыдта ӕмбарын кӕнын: Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара, адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕй ӕфхӕрд райса, стӕй йӕ амарой ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уа.


Йесо сын дзуапп радта: «Раст у, раздӕр хъуамӕ Илийа ӕрцӕуа ӕмӕ ӕппӕт дӕр банывыл кӕна. Сыгъдӕг Фысты уӕдӕ афтӕ загъд цӕмӕн ис, Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бирӕ удхӕрттӕ бавзара ӕмӕ хынджылӕггаг суа, зӕгъгӕ?


Фӕлӕ уал раздӕр хъуамӕ бавзара бирӕ хъизӕмӕрттӕ, ӕмӕ Йыл ацы фӕлтӕр йӕхи атигъ кӕна.


ӕмӕ загъта: «Фыст ис, Чырысти хъуамӕ фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ ӕртыккаг бон мӕрдтӕй райгас уыдаид, зӕгъгӕ.


Фӕзындысты уӕларвон кадимӕ ӕмӕ дзырдтой Йесойы ахицӕныл — Хуыцауы фӕндон Йерусалимы куыд сӕххӕст кӕндзӕни, ууыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan