20 Уӕд Йесо бафӕдзӕхста Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, цӕмӕй, Чырысти кӕй у, уый макӕмӕн дзурой.
Йаковӕй райгуырди Мариайы мой Йосиф; Мариа ныййардта, Чырысти Кӕй хонынц, уыцы Йесойы.
Симон Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дӕ, цардӕгас Хуыцауы Фырт».
Хохӕй куы ӕрцӕйцыдысты, уӕд сӕ Йесо бафӕдзӕхста: «Цалынмӕ Адӕймаджы Фырт мӕрдтӕй райгас уа, уӕдмӕ, цы федтат, уый макӕмӕн дзурут».
Йесо йын загъта: «Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн ӕмӕ, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕрхӕсс нывонд — кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».
Уӕд сын ныффӕдзӕхста, Мӕн тыххӕй макӕмӕн дзурут, зӕгъгӕ.
Хохӕй куы ’рцӕйцыдысты, уӕд сын Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй, цы федтой, уый, цалынмӕ Адӕймаджы Фырт мӕрдтӕй райгас уа, уӕдмӕ макӕмӕн радзурой.
абон Давиды сахары райгуырди уӕ Ирвӕзынгӕнӕг — Бардарӕг Чырысти.
Уӕд сын Йесо, уый тыххӕй макӕмӕн мацы дзурут, зӕгъгӕ, бафӕдзӕхста.
Хъӕлӕс куы райхъуыст, уӕд Йесоимӕ ничиуал уыд. Ахуыргӕнинӕгтӕ, цы федтой, уый басусӕг кодтой ӕмӕ йӕ уыцы бонты никӕмӕн радзырдтой.
Андрей ӕвӕстиатӕй бацагуырдта йе ’фсымӕр Симоны ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам Мессиайы» (ома Чырыстийы).
Уӕд Филипп бацагуырдта Нафанаилы ӕмӕ йын загъта: «Мах ссардтам, Моисейы Ӕгъдауы, стӕй пехуымпарты чингуыты Кӕй тыххӕй фыст ис, уыцы Назаретаг Йесойы, Йосифы фырты».
Марфӕ Йын дзуапп радта: «О, Хицау! Мӕн уырны, Ды Чырысти кӕй дӕ, уый — дунемӕ ӕрцӕуинаг Чи у, Хуыцауы уыцы Фырт».
Ацы чиныг та уымӕн фыст ӕрцыд, цӕмӕй баууӕндат, Йесо Хуыцауы Фырт, Чырысти кӕй у, ууыл. Ӕмӕ куы ӕууӕндат, уӕд Йӕ фӕрцы схайджын уыдзыстут мыггагмӕйы цардӕй.
Уӕдӕ ӕппӕт израилаг адӕм фидарӕй зонӕнт: сымах Кӕй байтыгътат, уыцы Йесойы Хуыцау скодта Бардарӕг ӕмӕ Чырысти».
Сайӕгой чи у? Йесо, дам, Чырысти нӕу, зӕгъгӕ, чи дзуры, уый. Ахӕм адӕймаг у Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг. Уый йӕхи тигъ кӕны Фыдыл дӕр ӕмӕ Фыртыл дӕр.
Йесо Чырысти кӕй у, ууыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый Хуыцауӕй райгуырд, ӕмӕ, Фыды чидӕриддӕр уарзы, уый Йын уарзы Йӕ хъӕбулты дӕр.