5 Сымах та дзурут: „Йӕ фыд кӕнӕ йӕ мадӕн афтӕ чи зӕгъа, мӕнӕй дӕм цы хауы, уый мын Хуыцауӕн нывонд у, зӕгъгӕ,
Адӕймаг ард бахӕрыныл куы фӕтагъд кӕна кӕнӕ, хъуыды нӕ акӕнгӕйӕ, искӕмӕн зӕрдӕ куы бавӕра, уӕд къӕппӕджы бахаудзӕн.
Хуыцау загъта: „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“, ӕмӕ ноджы: „Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады ӕфхӕрӕг амӕлӕд“.
уыцы адӕймаджы йӕ фыд кӕнӕ йӕ мады нымайыны сӕр нал хъӕуы“. Афтӕмӕй Хуыцауы ныхас баивтат уӕхи ӕгъдауӕй.
Фӕлӕ сын Петр ӕмӕ Иоанн дзуапп радтой: «Ахъуыды-ма кӕнут уӕхӕдӕг, Хуыцауы коммӕ нӕ, фӕлӕ уӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд уый Хуыцаумӕ раст фӕкӕсдзӕн?
Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дзуапп радтой: «Адӕмы коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ хъуамӕ кӕсӕм.