Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 15:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Йесо фӕсидти Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Тӕригъӕд кӕнын ацы адӕмӕн, ныр ӕртӕ боны Мемӕ сты ӕмӕ, цы бахӕрой, уый сын нӕй. Ӕххормагӕй сӕ ауадзон, уый та Мӕ нӕ фӕнды — фӕндагыл бастайдзысты».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 15:32
17 Iomraidhean Croise  

Иу чидӕр ӕрбацыди Баал-Шалишайӕ, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕгӕн ӕрбахаста хъӕбӕрхоры кӕрдзынтӕ, хоры сӕрӕй конд, стӕй хоры цӕттӕ ӕфсиртӕ. Елисей та йӕ лӕггадгӕнӕгӕн зӕгъы: «Адӕмӕн ратт, ӕмӕ хӕрой!»


Уымӕн ӕмӕ Ионӕ стыр кӕсаджы хуылфы ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы куыд фӕци, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы уыдзӕни зӕххы арфы.


Уый фехъусгӕйӕ, Йесо уырдыгӕй бӕлӕгъы иунӕгӕй хибар ранмӕ йӕхи айста. Адӕм уый куы базыдтой, уӕд сахартӕй Йӕ фӕдыл фистӕгӕй ацыдысты.


Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Уый бӕрц адӕм бафсадыны фаг ам, ӕдзӕрӕг ран, дзултӕ куыд самал кӕнӕм?»


Йесо куырмытӕн фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ сын сӕ цӕстытӕм бавнӕлдта. Уыдон уайтагъд ракастысты сӕ цӕстӕй ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр Йӕ фӕдыл ацыдысты.


ӕмӕ йын загътой: «Не ’лдар, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, уыцы сайӕгой ма удӕгас куы уыди, уӕд афтӕ кӕй дзырдта: „Ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзынӕн“.


Бирӕ адӕмы куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта, ӕнӕфыййау фыстау фӕлмӕцыд ӕмӕ ӕвӕгӕсӕг кӕй уыдысты, уый тыххӕй.


Дӕлимон ӕй бирӕ хӕттыты хъавыди фесафынмӕ: куы арты, куы та йӕ доны ӕппӕрста. Фӕлӕ кӕд Дӕ бон исты саразын у, уӕд нын фӕтӕригъӕд кӕн ӕмӕ нын баххуыс кӕн».


Йесо идӕдз усы куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын загъта: «Ма ку».


Боныцъӕхты размӕ Павел се ’ппӕтмӕ дӕр хатыд бахӕрыны тыххӕй: «Цыппӕрдӕсӕм бон ӕнхъӕлмӕ кӕсут ӕмӕ хойраджы хъӕстӕ нӕма фестут.


Нӕ Алчер ахӕм нӕу, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын Чи нӕ бамбара, уымӕн ӕмӕ Уымӕн дӕр махау ӕвзӕрст сты ӕппӕт фӕлварӕнтӕ, тӕригъӕд йеддӕмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan