Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 15:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Йесо араст ис уырдыгӕй, ӕрцыди Галилейы денджызгӕронмӕ, ссыди хохмӕ ӕмӕ уым ӕрбадти.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 15:29
12 Iomraidhean Croise  

Ныронг Зевулон ӕмӕ Неффалимы зӕххытӕ ӕгады бынаты уыдысты, фӕлӕ фидӕны скадджын уыдзысты уыдон: Галилейы денджызгӕрон бӕстӕ дӕр ӕмӕ Иорданы фаллаг фарс, муртаттӕгтӕ кӕм цӕрынц, уыцы Галилей дӕр.


Тынг бирӕ адӕм ӕрбамбырд ис йӕ алыварс. Уӕд Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ уым ӕрбадти, адӕм та иууылдӕр лӕууыдысты былгӕрон.


Йесо Галилейы денджызы былгӕрӕтты куы фӕцӕйцыди, уӕд федта дыууӕ ӕфсымӕры сӕ хызтӕ денджызы ӕппаргӕйӕ, — Симоны, хуыдтой ма йӕ Петр дӕр, ӕмӕ уымӕн йе ’фсымӕр Андрейы, — уыдон уыдысты кӕсагахсджытӕ.


Уый бӕрц адӕм фенгӕйӕ, Йесо ссыди хохы сӕрмӕ. Куы ӕрбадти, уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты,


Йесо Галилейы денджызы былгӕрӕтты фӕцӕйцыд ӕмӕ федта, Симон ӕмӕ йе ’фсымӕр Андрей сӕ хызтӕ денджызмӕ куыд ӕппӕрстой, уый — кӕсагахсджытӕ уыдысты.


Иуахӕмы Йесо Геннисареты цады был лӕууыд, ӕмӕ Йӕм Хуыцауы ныхасмӕ байхъусынмӕ адӕм уырдӕм гуылф кодтой.


Уый фӕстӕ та Йесо ногӕй фӕзынди Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм. Уый уыди Тивериадӕйы денджызы был. Хабар уыди афтӕ.


Уый фӕстӕ Йесо ахызти Галилейы, ома Тивериадӕйы, денджызы иннӕ фарсмӕ.


Уалынмӕ Тивериадӕйӕ ӕрбацыдысты ӕндӕр бӕлӕгътӕ ӕмӕ, Бардарӕджы арфӕйы куывды фӕстӕ адӕм кӕрдзын кӕм хордтой, уыцы бынатмӕ хӕстӕг ӕрлӕууыдысты.


стӕй Иорданы скӕсӕйнаг тӕрфрӕбын Киннереты денджызӕй хуссарӕрдӕм, Мард денджызы онг, Бет-Йешимотмӕ ӕмӕ Фасгайы хохы фӕхстӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan