Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 15:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Фӕлӕ йӕм Йесо иу ныхас дӕр не скодта. Уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕм ӕрхатыдысты: «Байхъус ӕм, ӕмӕ ацӕуа, науӕд нӕ фӕдыл бафтыд ӕмӕ хъӕр кӕны».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 15:23
8 Iomraidhean Croise  

Йосеф сӕ куыддӕр ауыдта, афтӕ сӕ базыдта, фӕлӕ сын йӕхи не схъӕр кодта. Тызмӕгӕй сӕ бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдыстут?» Дзуапп ын радтой: «Ханааны зӕххӕй, хойраг балхӕнынмӕ».


Давиды псалом. Скад кӕнут Дунедарӕгӕн, Хуыцауы фырттӕ, Дунедарӕджы кад ӕмӕ хъомыс сыстаут!


Ӕз хъӕр кӕнын ӕмӕ дзыназын: мӕ куывд Ӕй фехъусын нӕ фӕнды.


Куы баизӕр ис, уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Ам фӕсвӕд ран у, ноджы банафон ис. Ауадз адӕмы, уадз ӕмӕ хъӕутӕм ацӕуой ӕмӕ сӕхицӕн хӕринаг балхӕной».


Уым Йӕ размӕ рацыди уырдыгон ханаанаг сылгоймаг ӕмӕ Йӕм хъӕр кодта: «Батӕригъӕд мын кӕн, Бардарӕг, Давиды Фырт! Мӕ чызг хӕйрӕджджын сси, ӕмӕ йӕ удхарӕй марынц».


Йесо сын дзуапп радта: «Ӕз ӕрмӕстдӕр Израилы адӕммӕ, сӕфт фыстӕм, ӕрвыст дӕн».


Ӕртасын уӕ кӕныны ӕмӕ, Йӕ фӕдзӕхстытӕн уӕ зӕрдӕйы цы бынат ис, уый базоныны охыл уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры цы фӕндагыл фӕкодта, уый уӕ рох ма уӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan