2 «Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕмӕн халынц фыдӕлты ӕгъдау? Хӕрыныл ӕрбадынц, сӕ къухтӕ нӕ цӕхсгӕйӕ».
Хуыцау загъта: «Арвыл фӕзынӕд рухсгӕнӕнтӕ — бон ӕхсӕвӕй иртасынӕн ӕмӕ бӕрӕг ӕмгъуыдтӕ, бонтӕ ӕмӕ афӕдзтӕ нысан кӕнынӕн.
Паддзахы дӕлдӕртӕ, галуаны тӕрхонгӕнджытӕ, Мардохейӕн уайдзӕф кодтой, паддзахы бардзырды сӕрты цӕмӕн хизыс, зӕгъгӕ.
Йесо сын дзуапп радта: «Ӕмӕ сымах уӕхи ӕрымысгӕ ӕгъдӕутты тыххӕй цӕмӕн халут Хуыцауы фӕдзӕхст?
Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йын кӕйдӕрты федтой ӕнӕсыгъдӕг, ома ӕнӕхсад, къухтӕй хӕргӕ.
Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ Йесойы бафарстой: «Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыдӕлты ӕгъдау цӕмӕн халынц, ӕнӕсыгъдӕг къухтӕй цӕмӕн хӕрынц?»
Хӕрды размӕ Йӕ къухтӕ кӕй нӕ цӕхсадта, уый фарисей куы федта, уӕд бадис кодта.
Иудейаг диныл мӕхи хъарынӕй ӕз мӕ бирӕ дзуттаг ӕмгӕрттӕн фӕдӕн сӕ разӕй, ӕгӕр ӕнувыдӕй ӕххӕст кодтон мӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ.
Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи асайа ӕнӕпайда ӕмӕ гӕдыбыд ахуырӕдтӕй. Уыдонӕн сӕ бындур Чырысти нӕу, фӕлӕ дунейы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ адӕмы таурӕгътӕ.
Уымӕн ӕмӕ сымах зонут: уӕ фыдӕлтӕй уын цы ницӕйаг цард баззад, уымӕй уӕ балхӕдӕуыди, рӕстӕг кӕй бахӕрдзӕн, ахӕм ӕвзист кӕнӕ сыгъзӕринӕй нӕ,