18 Фӕлӕ дзыхӕй цы рацӕуы, уый та йӕ зӕрдӕйӕ рацӕуы, ӕмӕ уый чъизи кӕны адӕймаджы.
Дунедарӕгыл дӕ зӕрдӕ дар ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ араз; цӕр зӕххыл иузӕрдионӕй.
Рӕстуды ’взаг хъӕугӕ ныхас зоны, ӕнӕхуыцауӕн йе ’взаг — зианхӕссӕг.
Куырыхоны ’взаг зонындзинӕдтӕ тауы, зондцухы дзыхӕй ӕдылы ныхас йеддӕмӕ ницы схауы.
Раст адӕймаг дзуапп раттыны размӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕны, ӕнӕхуыцауы ’взаг хорзӕй ницы ракалы.
Ӕппӕт хӕзнатӕй фылдӕр дӕхи зӕрдӕ хъахъхъӕн — царды гуырӕн уый у.
Ӕнаккаг ӕмӕ фыдгӕнӕг чи у, уымӕн мӕнг ныхас йе ’взагӕй нӕ хизы.
Калмы цот! Фыдзӕрдӕ уӕвгӕйӕ, уӕ бон хорзӕй исты зӕгъын куыд хъуамӕ уа? Уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ цӕмӕй дзаг у, йе ’взагӕй дӕр уый рацӕуы.
Дзыхмӕ цы цӕуы, уый нӕ чъизи кӕны адӕймаджы, фӕлӕ, дзыхӕй цы рацӕуы, уый».
Нӕ йӕ зонут, адӕймагӕн йӕ дзыхмӕ цыдӕриддӕр бацӕуы, уый гуыбынмӕ кӕй ныфты, стӕй та ӕддӕмӕ кӕй рацӕуы?
Ноджы ма загъта: «Зӕрдӕйӕ цы рацӕуы, уый фӕчъизи кӕны адӕймаджы.
Хицау ын загъта: „Дӕхи дзыхӕй дын тӕрхон кӕндзынӕн, ӕвзӕр цагъар! Ӕз карз лӕг кӕй дӕн ӕмӕ, цы нӕ нывӕрдтон, уый кӕй исын, цы нӕ байтыдтон, уый кӕй кӕрдын, уыдӕттӕ куы зыдтай,
Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд не ’хсӕн, ӕмӕ дӕ Дунедарӕг райсӕд мӕ маст. Ӕз дӕм мӕ къух нӕ сисдзынӕн.