16 Йесо сын загъта: «Ау, сымах дӕр нырмӕ афтӕ ӕнӕмбаргӕ стут?
Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Ӕппӕт адӕттӕ бамбӕрстат ӕви нӕ?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «О, Бардарӕг».
Уый фӕстӕ Йесо фӕсидти адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут ӕмӕ бамбарут!
Уӕд Ӕм Петр бахатыди: «Бамбарын нын кӕн ацы фӕсномыг ныхас».
Нӕ йӕ зонут, адӕймагӕн йӕ дзыхмӕ цыдӕриддӕр бацӕуы, уый гуыбынмӕ кӕй ныфты, стӕй та ӕддӕмӕ кӕй рацӕуы?
Ау, Мӕ ныхас дзулы тыххӕй кӕй нӕ уыд, уый куыд не ’мбарут? Уӕхи хъахъхъӕнут фарисейтӕ ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕнӕй».
Ау, ницыма бамбӕрстат? Уӕ зӕрдыл нал лӕууы, фондз мин лӕгӕн фондз дзулы куыд сфаг ис, уый, стӕй цал чыргъӕды байдзаг кодтат?
уымӕн ӕмӕ дзулты диссаг дӕр нӕ бамбӕрстой — сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты.
Уый сын бауайдзӕф кодта: «Ау, сымах дӕр афтӕ ӕнӕмбаргӕ стут? Ӕви йӕ нӕ зонут, адӕймаджы хуылфмӕ ӕддейӕ цы бафты, уый йӕ кӕй нӕ фӕчъизи кӕны?
Фӕлӕ Йын уыдон нӕ бамбӕрстой Йӕ ныхӕстӕ, бафӕрсын та Йӕ нӕ уӕндыдысты.
Уыдон Ын Йӕ ныхӕстӕн ницы бамбӕрстой. Цӕуыл дзырдта, уыдӕттӕ сын ӕргом нӕ уыдысты ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой.
Раргом сын кодта, Сыгъдӕг Фыст куыд ӕмбарын хъӕуы, уый
Фӕлӕ Йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой — ӕргом сын нӕ уыдысты уыцы ныхӕстӕ ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой, бафӕрсын та Йӕ нӕ уӕндыдысты.
Цас рӕстӕг рацыди, уымӕ гӕсгӕ ныр уӕхицӕн ӕмбӕлы ахуыргӕнджытӕ уӕвын, сымах та нырма ахуыргӕнджыты сӕр хъӕуы, цӕмӕй уын амоной Хуыцауы дзырды абетӕ. Хъӕбӕр хойраг нӕ, фӕлӕ та ӕхсыр хъуамӕ суа ногӕй уӕ хӕринаг.