9 Паддзах фенкъард ис, фӕлӕ, йӕ уазджыты раз сомы кӕй ракодта, уымӕ гӕсгӕ бардзырд радта чызджы курдиат сӕххӕст кӕныны тыххӕй.
Лӕг бирӕ цӕуылдӕрты куы фӕтыхсы, уӕд фынтӕ фӕуыны, афтӕ ӕдылы дӕр йӕ бирӕдзурагӕй бӕрӕг дары.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: уӕ устытимӕ цӕмӕйдӕриддӕр зӕрдӕ бавӕрдтат, уыдӕттӕ кодтат! Сымах загътат: «Сӕххӕст кӕндзыстӕм нӕ сомы, уӕларвы ус-хуыцауӕн буд судздзыстӕм ӕмӕ йын сӕн калдзыстӕм». Уӕдӕ сӕххӕст кӕнут уӕ сомытӕ!
Уыцы рӕстӕг тетрарх Ирод фехъуыста Йесойы кой,
Йӕ адӕмы арвыста Иоаннмӕ, цӕмӕй йын ахӕстоны йӕ сӕр акъуырой.
Ӕмӕ кӕд Ироды фӕндыди Иоанны амарын, уӕддӕр тарстис адӕмӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ пехуымпарыл нымадтой.
Чызг, йӕ мады ардыдӕй, загъта: «Ардӕм мын аргъауӕг Иоанны сӕр тӕбӕгъыл ӕрбахӕсс».
Уыцы хабӕрттӕ паддзах Ироды хъустыл дӕр ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ алы ран дӕр Йесойы кой кодтой. Иутӕ дзырдтой: «Уый Аргъауӕг Иоанн мӕрдтӕй растад ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ дӕр уымӕн аразы».
Уымӕн ӕмӕ Ирод тарстис Иоаннӕй; раст ӕмӕ сыгъдӕг адӕймаг кӕй у, уый зыдта ӕмӕ йыл йӕ арм дардта. Кӕд-иу Иоанны ныхӕстӕй фӕкъӕмдзӕстыг ис, уӕддӕр ӕм хъуыста ӕхсызгонӕй.
Паддзах фенкъард ис, фӕлӕ уазджыты раз сомы кӕй ракодта, уымӕ гӕсгӕ чызгӕн «нӕ» зӕгъын нал сфӕрӕзта.
Йесо сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ уыцы рувасӕн зӕгъут: „Мӕнӕ ма абон ӕмӕ райсом сурын дӕлимонты, дзӕбӕх кӕнын рынчынты ӕмӕ иннӕбон фӕуыдзынӕн Мӕ куыст“.
Дыууӕ мӕйы фӕстӕ йӕ фыдмӕ ӕрыздӕхти. Фыд йӕ сомы сӕххӕст кодта, ӕмӕ чызг нӕлгоймаджы ад нӕ базыдта. Уӕдӕй нырмӕ израилӕгтӕм фӕзынди ахӕм ӕгъдау:
Израилӕгтӕ Мицпайы куы ӕрӕмбырд сты, уӕд ард бахордтой: «Нӕ чызджыты Бениамины мыггагӕн моймӕ нал ратдзыстӕм».
Уыцы бон израилӕгтӕ тынг бастадысты, фӕлӕ Саул басомы кодта: «Ӕлгъыст фӕуӕд, изӕрмӕ къӕбӕры хъӕстӕ чи фӕуа, уый! Хъуамӕ уал раздӕр ме знӕгтӕй мӕ маст райсон». Ӕмӕ адӕмӕй хойраг йӕ дзыхмӕ ничи схаста.
Уӕд ын чидӕр афтӕ бакодта: «Дӕ фыд адӕмӕн загъта, ӕлгъыст, дам, фӕуӕд, ацы бон къӕбӕр чи сахода, уый. Ӕмӕ адӕм бастадысты».
Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ бакӕнӕд Хуыцау, Навалы хӕдзаронтӕй абонӕй райсоммӕ иу нӕлгоймаг дӕр куы ныууадзон!»
Саул ын Дунедарӕгӕй расомы кодта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, ацы хъуыддаджы тыххӕй дыл ницы бӕллӕх ӕрцӕудзӕн».