32 Ӕмӕ бӕлӕгъмӕ куы бахызтысты, уӕд дымгӕ дӕр банцади.
Йесо йӕм уайтагъд Йӕ къух бадардта, схӕцыди йыл ӕмӕ йын загъта: «Лӕмӕгъуырнӕг, цӕмӕн фӕдызӕрдыг дӕ?»
Бӕлӕгъы чи уыди, уыдон ӕрзоныг кодтой Йесойы раз ӕмӕ Йын загътой: «Ды ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт дӕ».
Уыдон стыр тасы бацыдысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уый Чи уа, уад ӕмӕ денджыз Кӕй коммӕ кӕсынц?»
Бӕлӕгъмӕ сӕм бахызти, ӕмӕ дымгӕ банцади. Уыдон стыр дисы бафтыдысты,
Фӕндыди сӕ, цӕмӕй Йӕ бӕлӕгъы сбадын кӕной, фӕлӕ бӕлӕгъ тӕккӕ уыцы уысм бахӕццӕ ис, сӕ фӕндаг кӕдӕм уыди, уыцы былгӕронмӕ.