30 Фӕлӕ дымгӕ куыд тыхджын уыди, уый куы федта, уӕд фӕтарсти, райдыдта дӕлдон кӕнын ӕмӕ хъӕр систа: «Хицау, фервӕзын мӕ кӕн!»
Райсомӕй Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ федта: сахары алыварс лӕууы стыр ӕфсад, ӕд бӕхтӕ, ӕд хӕстон уӕрдӕттӕ. Елисейы афарста: «Ныр цы фӕуыдзыстӕм?»
Нӕ тӕрсын, чи мыл ӕртыхсти, уыцы адӕмы ӕрдонгтӕй.
Йесо йын загъта: «Рацу». Петр рахызти бӕлӕгъӕй ӕмӕ доныл Йесойы ’рдӕм фӕцӕйцыди.
Йесо йӕм уайтагъд Йӕ къух бадардта, схӕцыди йыл ӕмӕ йын загъта: «Лӕмӕгъуырнӕг, цӕмӕн фӕдызӕрдыг дӕ?»
Уӕхи цӕттӕ дарут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фыдӕвзарӕны ма фӕцудат. Уд фидар у, буар та — лӕмӕгъ».