25 Боныцъӕхты размӕ сӕм Йесо денджызыл къахӕй ӕрбацӕйцыд.
Уый райтындзы уӕлӕрвтӕ, денджызты рӕгътыл лӕгӕрды.
Раппӕлут Ын Йӕ уаз номӕй, Дунедарӕджы чи агуры, уыдон цинӕй райӕнт!
Сымах зонут: хӕдзары хицау, хуыснӕг ӕм кӕцы сахат ӕрбацӕудзӕн, уый куы зонид, уӕд фынӕй дӕр нӕ бакӕнид ӕмӕ йӕ къуымтӕ фӕкъахын дӕр нӕ бауадзид.
Афтӕ сымах дӕр уӕхи цӕттӕ дарут, уымӕн ӕмӕ нӕ зонут, хӕдзары хицау кӕд ӕрбаздӕхдзӕн, уый: изӕрӕй, ӕмбисӕхсӕв, кӕркуасӕнты ӕви сӕумӕрайсом.
Ӕмӕ федта, ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ хъару кӕй басасти, уый, уымӕн ӕмӕ дымгӕ дымдта сӕ ныхмӕ. Нӕма ӕрбабон ис, афтӕ сӕм Йесо денджызыл бацыди къахӕй, ӕмӕ хъавыди сӕ иувӕрсты аивгъуыйын.
Тӕхудиаг сты, кӕдфӕнды куы ӕрбацӕуа — ӕмбисӕхсӕв уа ӕви боныцъӕхтыл — сӕ хицау фынӕйӕ кӕй не ’рбаййафа, уыцы цагъартӕ.
Фондз ӕмӕ ссӕдз — дӕс ӕмӕ ссӕдз стадийы бӕрц куы адард сты, уӕд Ӕй суыдтой: Йесо, денджызыл къахӕй цӕугӕйӕ, бӕлӕгъмӕ хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта, ӕмӕ фӕтарстысты.
Йӕ къухы уыди гыццыл чиныг гомӕй. Уыцы зӕд йӕ рахиз къах ӕрӕвӕрдта денджызыл, галиу къах та — зӕххыл
Денджызыл ӕмӕ зӕххыл лӕугӕ кӕй федтон, уыцы зӕд йӕ рахиз къух уӕларвмӕ сдардта
Уӕларвӕй мӕм цы хъӕлӕс ӕрыхъуыст, уый мын ноджыдӕр загъта: «Цу ӕмӕ, денджыз ӕмӕ зӕххыл цы зӕд лӕууы, уый къухӕй гом чиныг райс».