Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 14:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Адӕмы ӕрбадын кодта кӕрдӕгыл, райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, арвмӕ скасти, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, стӕй дзултӕ ӕрсаста ӕмӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, уыдон та сӕ байуӕрстой адӕмыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 14:19
24 Iomraidhean Croise  

Йесо загъта: «Ардӕм Мӕм сӕ рахӕссут».


Уӕд сын бафӕдзӕхста, адӕмы иууылдӕр цъӕх кӕрдӕгыл къордгай ӕрбадын кӕнут, зӕгъгӕ.


Йесо райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, арвмӕ скасти, Хуыцауӕн раарфӕ кодта, дзултӕ ӕрсаста ӕмӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ адӕмыл байуарой. Афтӕ дыууӕ кӕсаджы дӕр се ’ппӕтыл дӕр байуӕрста.


Уый фӕстӕ арвмӕ скасти, арф ныуулӕфыд ӕмӕ загъта: «Эффата», ома: «Байгом у».


Райста сӕны кӕхц, Хуыцауӕн арфӕ ракодта ӕмӕ загъта: «Айсут ӕй ӕмӕ дзы алчидӕр ануазӕд.


Уый фӕстӕ райста дзул, раарфӕ кодта Хуыцауӕн, ӕрсаста йӕ, алӕвӕрдта сӕм ӕй ӕмӕ загъта: «Ай Мӕ Буар у, ӕмӕ уӕ сӕраппонд лӕвӕрд цӕуы мӕлӕтмӕ. Афтӕ-иу кӕнут Мӕ ном арыны охыл».


Ӕмӕ Йесо фынгыл семӕ куы ӕрбадти, уӕд райста дзул, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, ӕрсаста йӕ ӕмӕ сӕм ӕй алӕвӕрдта.


(Уым уыди фондз мин лӕджы бӕрц.) Фӕлӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕрбадын сӕ кӕнут къордгай — алы къорды дӕр дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзы бӕрц куыд уа».


Йесо райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, скасти уӕларвмӕ, Хуыцауӕн раарфӕ кодта, ӕрсаста сӕ ӕмӕ сӕ ахуыргӕнинӕгтӕм радта, цӕмӕй сӕ адӕмӕн байуарой.


Дур айстой. Йесо арвмӕ скасти ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, бузныг дӕн Дӕуӕй, кӕй Мӕ фехъуыстай, уый тыххӕй.


Уалынмӕ Тивериадӕйӕ ӕрбацыдысты ӕндӕр бӕлӕгътӕ ӕмӕ, Бардарӕджы арфӕйы куывды фӕстӕ адӕм кӕрдзын кӕм хордтой, уыцы бынатмӕ хӕстӕг ӕрлӕууыдысты.


Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Павел райста дзул, се ’ппӕты раз арфӕ ракодта Хуыцауӕн, асаста йӕ ӕмӕ райдыдта хӕрын.


Иу бон иннӕмӕй ахсджиагдӕрыл чи нымайы, уый йӕ Бардарӕджы кадӕн нымайы. [Иу бон иннӕмӕй ахсджиагдӕрыл чи нӕ нымайы, уый йӕ Бардарӕджы кадӕн нӕ нымайы.] Чи хӕры, уый Бардарӕджы кадӕн хӕры, уымӕн ӕмӕ арфӕ кӕны Хуыцауӕн. Чи нӕ хӕры, уый Бардарӕджы кадӕн нӕ хӕры, ӕмӕ арфӕ кӕны Хуыцауӕн.


Цы арфӕйы кӕхцы тыххӕй арфӕ кӕнӕм, уый мах Чырыстийы Тугимӕ нӕ иу кӕны, ӕви? Ӕмӕ цы дзул асӕттӕм, уый мах Чырыстийы Буаримӕ нӕ иу кӕны, ӕви?


Уӕдӕ хӕргӕ кӕнат ӕви нуазгӕ, ӕви ӕндӕр исты хъуыддаг аразат, ӕппӕт дӕр кӕнут Хуыцауы кадӕн.


арфӕ ракодта Хуыцауӕн, асаста йӕ ӕмӕ загъта: «[Айсут ӕмӕ хӕрут] — уый Мӕ Буар у, ӕмӕ саст цӕуы уӕ сӕраппонд. Афтӕ кӕнут Мӕ ӕрымысынӕн».


Ныхасӕй кӕнӕ хъуыддагӕй цыдӕриддӕр аразут, уый уын уӕд Бардарӕг Йесойы номыл ӕмӕ Йӕ фӕрцы арфӕ кӕнут Фыд Хуыцауӕн.


Сахармӕ куы бацӕуат, уӕд ӕй уайтагъд ссардзыстут. Фӕтагъд кӕнут, цалынмӕ кувӕн къуыбырмӕ нӕма ссыди куывдмӕ, уӕдмӕ. Ӕнӕ уымӕй куывддзау адӕм нӕ саходдзысты — уый нывонд куы ныххӕлар кӕна, ӕрмӕст уӕд райдайдзысты хӕрын. Цӕут ӕмӕ йӕ баййафдзыстут».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan