18 Йесо загъта: «Ардӕм Мӕм сӕ рахӕссут».
Уыдон та Йын загътой: «Ам махмӕ фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы йеддӕмӕ ницы ис».
Адӕмы ӕрбадын кодта кӕрдӕгыл, райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, арвмӕ скасти, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, стӕй дзултӕ ӕрсаста ӕмӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, уыдон та сӕ байуӕрстой адӕмыл.
Уӕд Йесо адӕмы ӕрбадын кодта зӕххыл, райста авд дзулы, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, ӕрсаста сӕ ӕмӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ адӕмыл байуарой. Уыдон сӕ байуӕрстой.
Ӕмӕ сын уӕд Йесо афтӕ зӕгъы: «Ӕрбадын сӕ кӕнут». Уыцы ран уыди бирӕ кӕрдӕг. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр ӕрбадтысты; ӕрмӕст нӕлгоймӕгтӕ уыдысты фондз мины бӕрц.