17 Уыдон та Йын загътой: «Ам махмӕ фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы йеддӕмӕ ницы ис».
Фӕлӕ сын Йесо дзуапп радта: «Цӕуын сӕ никуыдӕм хъӕуы. Сымах сын раттут хӕринаг».
Йесо загъта: «Ардӕм Мӕм сӕ рахӕссут».
Ау, ницыма бамбӕрстат? Уӕ зӕрдыл нал лӕууы, фондз мин лӕгӕн фондз дзулы куыд сфаг ис, уый, стӕй цал чыргъӕды байдзаг кодтат?
Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Сымах сын раттут хӕринаг». Уыдон дзуапп радтой: «Махмӕ фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы йеддӕмӕ ницы ис, ӕмӕ ныр уый бӕрц адӕмы фаг хойраг балхӕнынмӕ хъуамӕ ацӕуӕм?»