Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 14:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд федта бирӕ адӕмы ӕмӕ, фӕтӕригъӕд сын кӕнгӕйӕ, сдзӕбӕх кодта сӕ рынчынты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 14:14
13 Iomraidhean Croise  

Куы баизӕр ис, уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Ам фӕсвӕд ран у, ноджы банафон ис. Ауадз адӕмы, уадз ӕмӕ хъӕутӕм ацӕуой ӕмӕ сӕхицӕн хӕринаг балхӕной».


Йесо зылдис ӕгас Галилейыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хъусын сын кодта Фарны Уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, дзӕбӕх кодта рынчынтӕ ӕмӕ нӕфӕразгӕты иууылдӕр.


Бирӕ адӕмы куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта, ӕнӕфыййау фыстау фӕлмӕцыд ӕмӕ ӕвӕгӕсӕг кӕй уыдысты, уый тыххӕй.


Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд федта бирӕ адӕмы ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдон уыдысты ӕнӕфыййау фыстау. Ӕмӕ сӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын райдыдта.


Дӕлимон ӕй бирӕ хӕттыты хъавыди фесафынмӕ: куы арты, куы та йӕ доны ӕппӕрста. Фӕлӕ кӕд Дӕ бон исты саразын у, уӕд нын фӕтӕригъӕд кӕн ӕмӕ нын баххуыс кӕн».


Йесо сахармӕ куы ӕрбахӕстӕг ӕмӕ йӕм куы акасти, уӕд ыл ныккуыдта


Йесо идӕдз усы куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын загъта: «Ма ку».


Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе ’фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йӕхи нывондӕн ӕрхӕсса.


Нӕ Алчер ахӕм нӕу, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын Чи нӕ бамбара, уымӕн ӕмӕ Уымӕн дӕр махау ӕвзӕрст сты ӕппӕт фӕлварӕнтӕ, тӕригъӕд йеддӕмӕ.


Уымӕн йӕ бон у ӕнӕмбаргӕты дӕр ӕмӕ фӕдзӕгъӕлуӕвджыты дӕр бамбарын, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр лӕмӕгъ у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan