Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 14:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Ӕмӕ йын йӕ сӕр тӕбӕгъыл ӕрбахастой ӕмӕ йӕ чызгмӕ радтой, уый та йӕ ахаста йӕ мадмӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 14:11
12 Iomraidhean Croise  

Ӕлгъыст фӕуӕд сӕ уыраугӕ маст, ӕлгъыст фӕуӕд сӕ хъӕхъхъаг уаг! Ӕз сӕ Йаковы фыртты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн, ӕз сӕ Израилы фыртты ’хсӕн байтаудзынӕн!


Маст ӕгъатыр у, ӕнцон нӕу ӕхсидгӕ маст уромын, фӕлӕ зӕрдӕхсайдӕн чи ныффӕраздзӕн?


Тугмондаг чи у, уыдонӕн сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаг ӕнӕуынон у, рӕстгӕнджыты фесафынмӕ тырнынц.


Дӕуӕн та дӕ цӕстытӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ бӕллынц ӕрмӕст ӕфтиагмӕ, ӕнаххосты туг калынмӕ, ӕфхӕрд ӕмӕ тыхмимӕ!»


Ӕмӕ сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — дӕ туджы дӕ фӕмӕцын кӕндзынӕн, тугисджытӕ зилдзысты дӕ фӕдыл. Туг ныккалынмӕ ӕмхиц кӕй уыдтӕ, уый тыххӕй дын дӕхи туг дӕр ӕрцагуырдӕуыдзӕн.


Йӕ адӕмы арвыста Иоаннмӕ, цӕмӕй йын ахӕстоны йӕ сӕр акъуырой.


Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрбацыдысты, йӕ мард ын рахастой ӕмӕ йӕ баныгӕдтой, стӕй ацыдысты ӕмӕ хабар радзырдтой Йесойӕн.


Чызг, йӕ мады ардыдӕй, загъта: «Ардӕм мын аргъауӕг Иоанны сӕр тӕбӕгъыл ӕрбахӕсс».


Уыдон сыгъдӕджытӕ ӕмӕ пехуымпарты туг кӕй ныккалдтой, уый тыххӕй сын Ды туг бануазын кодтай — уый аккаг сты».


Ӕз федтон: сылгоймаг расыг уыди сыгъдӕджыты — Йесойы ӕвдисӕнты — тугӕй. Куы йӕ федтон, уӕд стыр дисы бафтыдтӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan