Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 13:57 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

57 Ӕмӕ Йыл не ’ууӕндыдысты. Йесо сын загъта: «Йӕ фыдыбӕстӕ ӕмӕ йӕхи хӕдзары йеддӕмӕ пехуымпар алкӕм дӕр кадджын вӕййы».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 13:57
19 Iomraidhean Croise  

Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Ирвӕзынгӕнӕг, се Стыр Хуыцау, Йе ’фхӕрд адӕмӕн, иннӕ адӕмтӕ кӕй ницӕмӕ дарынц, ӕлгъ кӕуыл кӕнынц, тыхгӕнджыты цагъар чи у, уыдонӕн: «Паддзӕхтӕ фендзысты, кӕй ссӕрибар стут, уый ӕмӕ уӕ разы ӕрлӕудзысты. Ӕлдӕрттӕ уын бакувдзысты иузӕрдион Дунедарӕджы фӕрцы, сымах Чи равзӕрста, уыцы Стыр Хуыцауы, Израилы Стыр Хуыцауы фӕрцы».


Адӕм Ӕй ницӕмӕ ӕрдардтой, сӕ чъылдым Ӕм раздӕхтой. Рис ӕмӕ Йыл низтӕ сӕ фӕд ныууагътой. Уӕдӕ Йыл мах дӕр былысчъилтӕ кодтам ӕмӕ Йӕм не ’ргом не раздӕхтам, мисхалы бӕрц дӕр Ын нӕ аргъ кодтам.


Уый уыдзӕни уаз — Израилы дыууӕ паддзахады кӕуыл фӕкӕлдзысты, уыцы дур ӕмӕ уыцы къӕдзӕх, Йерусалимы цӕрджытӕн — къӕппӕг ӕмӕ ахсӕн хыз.


Ӕмӕ тӕхудиаг у, Мӕныл гуырысхо чи нӕ кӕны, уый».


Ӕмӕ уыцы ран, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ бирӕ диссӕгтӕ нӕ равдыста.


Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уырдыгӕй рацыд ӕмӕ Йӕ сахармӕ ӕрбацыди.


Уыцы хабӕрттӕ паддзах Ироды хъустыл дӕр ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ алы ран дӕр Йесойы кой кодтой. Иутӕ дзырдтой: «Уый Аргъауӕг Иоанн мӕрдтӕй растад ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ дӕр уымӕн аразы».


Хъӕддӕсны нӕу, мыййаг, Мариайы фырт? Йаков, Йосеф, Иудӕ ӕмӕ Симоны ӕфсымӕр нӕу? Йӕ хотӕ дӕр ам, не ’хсӕн, не сты, ӕви?» Ӕмӕ Йыл сӕхи атигъ кодтой.


Йесо сын загъта: «Пехуымпар йӕ фыдыбӕстӕ, йӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ йӕ хӕдзарӕй дарддӕр ӕгад никуы вӕййы».


Фӕлӕ уын, ӕцӕг цы у, уый зӕгъын: иунӕг пехуымпарӕн дӕр йӕ фыдыбӕстӕйы кад нӕ вӕййы.


Ӕмӕ тӕхудиаг у, Мӕныл чи нӕ фӕдызӕрдыг уа, уый!»


уымӕн ӕмӕ Йӕхӕдӕг дзырдта, пехуымпарӕн йӕ фыдыбӕстӕйы кад нӕй, зӕгъгӕ.


Уыдон дзырдтой: «Ай Йосифы фырт Йесо нӕу, ӕви? Йӕ фыд ӕмӕ Йын Йӕ мады нӕ зонӕм? Уӕд афтӕ куыд зӕгъы: „Ӕз уӕларвӕй ӕрцыдтӕн“?»


Йесо зыдта, ахуыргӕнинӕгтӕ, Йӕ ныхӕстӕм хъусгӕйӕ, сӕхинымӕр хъуыр-хъуыр кӕй кӕнынц, уый ӕмӕ сӕ бафарста: «Уый уӕ къуылымпы кӕны?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan