Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 13:54 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

54 Йӕ райгуырӕн сахармӕ ӕрцыд ӕмӕ адӕмӕн синагогӕйы амыдта. Уыдон дис кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Кӕцӕй Йӕм ис ахӕм уӕлзонд ӕмӕ ахӕм хъару?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 13:54
14 Iomraidhean Croise  

Ӕрцыдис уырдӕм ӕмӕ ӕрцарди, Назарет цы сахар хуынди, уым. Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпартӕ цы загътой, уый: «Схондзысты Йӕ Назорей».


Йесо зылдис ӕгас Галилейыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хъусын сын кодта Фарны Уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, дзӕбӕх кодта рынчынтӕ ӕмӕ нӕфӕразгӕты иууылдӕр.


Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд адӕмы дисы бафтыдта Йӕ ахуырад,


Чи Йӕм хъуыста, уыдон Ын иууылдӕр Йӕ зонд ӕмӕ дзуаппытыл дис кодтой.


Ӕрцыд йӕхионтӕм, ӕмӕ Йӕ йӕхионтӕ нӕ айстой.


Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фехъусын кӕнын фыццаг ӕмбӕлди сымахӕн, фӕлӕ йыл кӕй не ’рвӕссут ӕмӕ мыггагмӕйы царды аккагыл уӕхи кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ мах цӕуӕм муртаттӕгтӕм.


Иудейаг хицӕуттӕ куы бакастысты, Петр ӕмӕ Иоанн куыд ныфсхаст сты, уымӕ, стӕй, ӕнахуыргонд ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймӕгтӕ кӕй сты, уый куы федтой, уӕд раздӕр бадис кодтой, фӕлӕ стӕй бамбӕрстой, Йесоимӕ чи уыд, уыдонӕй кӕй уыдысты, уый.


Ныронг ӕй чи зыдта, уыдон ӕй пехуымпартимӕ пехуымпариуӕггӕнгӕ куы федтой, уӕд сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уый цы ’рцыди Кишы фыртыл? Ау, Саул дӕр пехуымпар сси?»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan