Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 13:47 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

47 Уӕларвон Паддзахад ма у, денджызы кӕй баппӕрстой ӕмӕ алыхуызон кӕсӕгтӕ чи ӕрцахста, ахӕм хызы ӕнгӕс дӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 13:47
33 Iomraidhean Croise  

Доны былыл Ен-Гедийӕ Еглаимы онг кӕфахсджытӕ лӕудзысты ӕмӕ сӕ хызтӕ хус кӕнынмӕ таудзысты. Стыр денджызау ам дӕр уыдзӕни тынг бирӕ алымыггаг кӕсӕгтӕ.


Уӕларвон Паддзахад у быдыры ныгӕд хӕзнайы хуызӕн. Адӕймаг ӕй ссардта, фӕстӕмӕ йӕ баныгӕдта, йӕхӕдӕг цингӕнгӕ ацыди, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый ауӕй кодта ӕмӕ уыцы быдыр балхӕдта.


Уый иу зынаргъ дзындздур куы ссардта, уӕд ацыдис, йӕ исбон иууылдӕр ауӕй кодта ӕмӕ йӕ балхӕдта.


Хыз куы байдзаг ис, уӕд ӕй раластой былмӕ, стӕй ӕрбадтысты ӕмӕ кӕсӕгтӕн сӕ дзӕбӕхтӕ чыргъӕдты ӕрӕмбырд кодтой, чи нӕ бӕззыд, уыдон та акалдтой.


Йесо сын загъта: «Рацӕут Мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ Ӕз скӕндзынӕн адӕймагахсджытӕ».


Йесо сын загъта: «Рацӕут Мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ Ӕз адӕймагахсджытӕ сараздзынӕн».


Мӕ къалиутӕй сӕнӕфсир кӕуыл не ’рзайы, уый алыг кӕны. Сӕнӕфсир дзы кӕуыл ӕрзайы, уый та бахсӕды, фылдӕр ыл куыд ӕрзайа, афтӕ.


Мемӕ чи нӕ уа, уый къалиуау ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн ӕмӕ бахус уыдзӕн. Ахӕм къалиутӕ та ӕрӕмбырд кӕнынц, баппарынц сӕ арты ӕмӕ сӕ басудзынц.


Уӕхи ӕхсӕн дӕр фӕзындзӕн, рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕндзӕн, ахӕм адӕймӕгтӕ, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты асайой сӕ фӕдыл.


Ӕцӕг уӕм алыхуызон зондахаст дӕр хъуамӕ уа, уе ’хсӕн фӕлтӕрд чи у, уыдон куыд сбӕлвырд уой, афтӕ.


Ӕдзух фӕндагыл дӕн, ӕдзух — тӕссаг уавӕрты: донивылд, абырджытӕ, ме ’мбӕстӕгтӕ, муртаттӕгтӕ. Уыимӕ ма ноджы алы фыдбылызтӕ: сахары, цӕуӕг кӕм нӕй, ахӕм рӕтты, денджызы, мӕнгӕфсымӕрты къухӕй…


кӕд нӕм мӕнгӕфсымӕртӕ куыддӕрты ӕрбаирвӕзтысты, уӕддӕр. Уыдон нӕм сӕхи ӕрбайстой, Чырыстиимӕ иу кӕй стӕм, уый руаджы нын цы сӕрибар ис, уымӕ сусӕгӕй цӕст дарынмӕ ӕмӕ махӕй цагъартӕ скӕнынмӕ.


Сардисы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Хуыцауы авд уды ӕмӕ авд стъалыйы Кӕмӕ сты, Уый афтӕ зӕгъы: зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ; ды хӕссыс удӕгасы ном, фӕлӕ мард дӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan