Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 13:43 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

43 Уӕд рӕстгӕнджытӕ та сӕ Фыды Паддзахады сӕрттивдзысты хурау. Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 13:43
14 Iomraidhean Croise  

Израилӕгтӕ-иу федтой Моисейы тӕмӕнкалгӕ цӕсгом, ӕмӕ та-иу ӕй уый дӕр бамбӕрзта, цалынмӕ-иу ногӕй Дунедарӕгимӕ дзурынмӕ нӕ бацыд, уӕдмӕ.


Куырыхонтӕ сӕуӕхсидау ныррухс уыдзысты ӕмӕ, адӕмы раст фӕндагмӕ чи раздӕхта, уыдон ӕнусмӕ стъалытау цӕхӕр калдзысты.


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!


Уӕд, Йӕ рахизфарс чи ис, уыдонӕн Паддзах зӕгъдзӕн: „Ӕрцӕут, Мӕ Фыды арфӕйӕ хайджынтӕ, ӕмӕ райсут, дуне сфӕлдисынӕй нырмӕ уын цӕттӕгонд цы Паддзахад у, уый.


уыдтӕн бӕгънӕг, ӕмӕ Мыл дарӕс скодтат; уыдтӕн рынчын, ӕмӕ Мыл батыхстыстут; уыдтӕн ахӕстоны, ӕмӕ Мӕ бабӕрӕг кодтат“.


Зӕгъын уын, амӕй фӕстӕмӕ нал бануаздзынӕн ацы сӕнӕфсиры сӕнӕй, цалынмӕ Мӕ Фыды Паддзахады уемӕ ног сӕн бануазон, уӕдмӕ».


Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»


Ма тӕрс, чысыл дзуг! Уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн Паддзахад раттын.


Мӕ Фыд Мын Паддзахад куыд радта, афтӕ уын ӕй Ӕз дӕр дӕттын,


Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, иудадзыг ӕмӕ зӕрдиагӕй кусут Бардарӕгӕн; уӕ фӕллойы тыххӕй Бардарӕгӕй ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй кӕй нӕ баззайдзыстут, уый зонут.


Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan