Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 13:41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

41 Адӕймаджы Фырт рарвитдзӕни Йӕ зӕдты, ӕмӕ Йын уыдон Йӕ Паддзахадӕй, йӕхӕдӕг тӕригъӕдджын чи уыди ӕмӕ ма искӕй дӕр тӕригъӕды фӕндагыл чи ардыдта, уыдоны иууылдӕр айсдзысты

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 13:41
18 Iomraidhean Croise  

Ӕнаккӕгтӕ та — какон сындзытау, къухӕй кӕмӕ нӕ бавналынц, афтӕмӕй кӕй аппарынц,


адӕм ӕмӕ фосы мыггаг сыскъуыйын кӕндзынӕн, уӕларвон мӕргъты ӕмӕ денджызы кӕсӕгты ныццӕгъддзынӕн, ӕнӕхуыцӕутты афӕлдахдзынӕн зӕххыл, адӕймагӕн зӕххыл йӕ кой дӕр нал ныууадздзынӕн.


Раст афтӕ уыдзӕн, дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд дӕр: ӕрцӕудзысты зӕдтӕ, тӕригъӕдджынты фӕхицӕн кӕндзысты рӕстгӕнджытӕй


Сар йӕ сӕр ацы дунейӕн, тӕригъӕдмӕ мондаггӕнӕнтӕ дзы кӕй ис, уый тыххӕй. Уыцы мондаггӕнӕнтӕн ӕнӕ фӕзынгӕ нӕй, фӕлӕ сар йӕ сӕр, кӕй аххосӕй ӕрцӕуой, уыцы адӕймагӕн.


Сыкъауадындз хъӕрӕй ныууасдзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт рарвитдзӕн Йӕ зӕдты, ӕмӕ Йын Йе ’взӕрстыты алы рӕттӕй ӕрӕмбырд кӕндзысты — арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ.


Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ Йӕ мус ссыгъдӕг кӕндзӕн. Мӕнӕу Йӕ хордоны бафснайдзӕн, зыгуым та ӕнӕхуысгӕ арты басудздзӕн».


Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн — ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй».


Ӕмӕ уӕд арвитдзӕни Йӕ зӕдты ӕмӕ алы рӕттӕй — зӕххы кӕронӕй арвы кӕронмӕ — Йе ’взӕрстыты ӕрӕмбырд кӕндзӕн.


Ӕппӕт уыдӕттӕ рабӕрӕг уыдзысты, Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау адӕмы сусӕг хъуыдытӕн ӕмӕ хъуыддӕгтӕн тӕрхон куы кӕна, уӕд. Афтӕ зӕгъы, ӕз цы Фарны Уац хъусын кӕнын, уый.


Ау, зӕдтӕ иууылдӕр цумагӕнӕн монтӕ не сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау, чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн балӕггад кӕнынмӕ не ’рвиты?


Чъизи цы уа, ахӕмӕй йӕм ницы бацӕудзӕн, ӕлгъаг ӕмӕ фӕливӕн митӕ чи кӕны, уыдонӕй дӕр ӕм фӕндаг никӕмӕн уыдзӕн, фӕлӕ йӕм бацӕудзысты, Уӕрыкмӕ царды чиныджы фыст чи у, ӕрмӕстдӕр уыдон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan