Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 13:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 Кӕд уый ӕппӕт мыггӕгтӕн сӕ къаддӕр у, уӕддӕр, куы сзайы, уӕд цӕхӕрадоны иннӕ зайӕгойтӕй фӕбӕрзонддӕр вӕййы. Ахӕм бӕлас дзы рауайы, ӕмӕ йӕм уӕларвон мӕргътӕ ӕртӕхынц ӕмӕ йын йӕ къалиутыл ахстӕттӕ саразынц».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 13:32
20 Iomraidhean Croise  

Сӕ нымӕц чысыл куы уыд нырма, ӕрцӕуӕггӕтӕ куы уыдысты уыцы ран,


Алы мӕргътӕ-иу йӕ къалиутыл ахстӕттӕ сбыдтой, йӕ къабузты бын-иу сӕ зӕйц рауагътой алы сырдтӕ, йӕ аууоны-иу ӕрбынат кодтой алы стыр знӕмтӕ.


Ӕрмӕстдӕр ын йӕ бындзӕфхад зӕххы, быдыры кӕрдӕджы астӕу ныууадзут — ӕфсӕн ӕмӕ ӕрхуы рӕхысты. Йӕхи ӕхсӕд ӕрвон ӕртӕхӕй, цӕрӕд сырдтимӕ, адӕймаджы сӕрызондӕй ӕнӕхай фӕуӕд,


Ацы хъуыддагмӕ йӕ райдианы сӕрбӕрзондӕй чи касти, уыдон дӕр ныццин кӕндзысты, Зоровавелы къухы аразӕн дур куы феной, уӕд. Ацы авд цырагъы сты Дунедарӕджы авд цӕсты, уыдон фӕлгӕсынц ӕгас зӕххыл».


Йесо дзырдта дарддӕр: «Цӕимӕ абарӕм Хуыцауы Паддзахад, цавӕр фӕсномыг ныхасӕй йӕ равдисӕм?


Куы йӕ байтауынц ӕмӕ куы сзайы, уӕд та цӕхӕрадоны зайӕгойтӕн се ’ппӕты сӕрты акӕсы, йе стыр къабузты аууоны уӕларвон мӕргътӕн сӕ бон вӕййы ахстӕттӕ скӕнын».


Уый фӕстӕ Йесо загъта: «Цӕй хуызӕн у Хуыцауы Паддзахад? Цӕимӕ йӕ абарон?


Уыцы бонты Петр ӕрлӕууыд ӕфсымӕрты раз


Уыдон ӕм байхъуыстой, арфӕ ракодтой Хуыцауӕн ӕмӕ Павелӕн загътой: «Ӕфсымӕр, уыныс, цал мин иудейаджы баууӕндыди, уый! Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр ӕнувыд сты Моисейы Ӕгъдауыл.


Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни ӕнусӕй-ӕнустӕм».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan