Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 13:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Ӕмӕ сын фӕсномыгӕй бирӕ цыдӕртӕ амыдта, ахуыр сӕ кодта: «Мӕнӕ хортауӕг хуыммӕ рацыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 13:3
27 Iomraidhean Croise  

Уый сиды арвмӕ ӕмӕ зӕхмӕ — Йӕ адӕмӕн тӕрхон кӕнынмӕ:


Мӕргътӕн холыйӕн радтой Дӕ цагъарты мӕрдтӕ, хъӕддаг сырдтӕн — Дӕ сыгъдӕджыты буӕрттӕ.


«Адӕймаджы фырт! Израилӕгтӕн зӕгъ уыци-уыци, радзур сын ӕмбисонд.


Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Уайдзӕф мын кӕнынц, ай нын ӕмбисӕндтӕй цы дзуры, зӕгъгӕ».


Уыцы бон адӕмӕн хынджылӕггаг суыдзыстут, додой кӕндзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: «Ныххӕлӕттаг нӕ кодтой! Мӕ адӕмы исбон мын уӕй кӕнынц! О, додой! Исынц мын мӕ исбон! Уацары нӕ чи райста, уыдонӕн нын байуӕрстой нӕ быдыртӕ!»


Фӕлӕ йыл уыдон сӕхи худӕгӕй хӕсдзысты ӕмӕ, хынджылӕггӕнгӕ, дзурдзысты: «Додой йӕ къона, искӕй фӕллӕйттӕ чи ссивы, тыхтонайы фӕрцы йӕ исбоныл чи ӕфтауы, уымӕн! Бирӕ ма дын бантысдзӕн?!»


Таугӕ-тауын нӕмгуытӕй иутӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон, ӕртахтысты мӕргътӕ ӕмӕ сӕ рауыгътой.


Йесо ацы фӕсномыг ныхӕстӕ дзырд куы фӕци, уӕд рацыди уырдыгӕй.


Йесо сын фӕсномыг ныхӕстӕй дзырдта дарддӕр:


Райсут цӕвиттонӕн легъуи бӕлас: йӕ къалиутӕ куы ракъуыбар вӕййынц ӕмӕ сыфтӕр куы рафтауы, уӕд фӕзонут, сӕрдмӕ бирӕ кӕй нал ис.


Йесо адӕмӕн райдыдта фӕсномыгӕй дзурын: «Иу лӕг сӕндон скодта. Йӕ алыварс ын сарӕзта ӕмбонд, сӕндуцӕн дзы скъахта, хъахъхъӕнӕн мӕсыг дзы самадта, стӕй кусджытӕ баххуырста ӕмӕ йӕ уыдоны бар бакодта, йӕхӕдӕг балцы ацыди.


Йесо ӕмбисонд уыдоны тыххӕй кӕй ӕрхаста, уый бамбӕрстой ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Йӕ ныууагътой ӕмӕ ацыдысты.


Йесо сӕм фӕсидти ӕмӕ сын райдыдта фӕсномыгӕй дзурын: «Сайтан куыд хъуамӕ расура сайтаны?


Загъта ма сын: «Кӕд ацы фӕсномыг ныхас не ’мбарут, уӕд иннӕ ӕмбисӕндтӕ та куыд бамбардзыстут?


Ахӕм ӕмбисӕндтӕй сын Йесо, сӕ бон бамбарын цас уыди, уыйас амыдта.


Уӕд Ӕй Петр бафарста: «Хицау, ӕрмӕст махӕн дзурыс ацы фӕсномыг ныхас ӕви алкӕмӕн дӕр?»


Йесо сын загъта: «Сымахӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд у Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын, фӕлӕ иннӕтӕн уыцы фӕсномыг ныхӕсты баззадысты ӕмбӕхстӕй, уымӕн ӕмӕ „уыдон цӕстӕй кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусӕй хъусынц, фӕлӕ не ’мбарынц“.


Ӕз уын ныронг ӕмбисӕндтӕй дзырдтон. Фӕлӕ афон куы ’рцӕуа, уӕд уын Ӕз фӕсномыгӕй нал дзурдзынӕн, фӕлӕ уын ӕргомӕй Фыды тыххӕй зӕгъдзынӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan