2 Тынг бирӕ адӕм ӕрбамбырд ис йӕ алыварс. Уӕд Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ уым ӕрбадти, адӕм та иууылдӕр лӕууыдысты былгӕрон.
Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ.
Уырдӕм Ӕм ӕрбацыди бирӕ адӕм. Семӕ кодтой къуылыхты, куырмыты, цӕнкуылты, ӕгомыгты ӕмӕ бирӕ ӕндӕр рынчынты; ӕрӕвӕрдтой сӕ Йесойы къӕхты раз, ӕмӕ сӕ Уый сдзӕбӕх кодта.
Галилей, Дӕссахар, Йерусалим, Иудей ӕмӕ Иорданы фаллаг фарс цы адӕм царди, уыдон къордтӕй Йӕ фӕдыл цыдысты.
Ӕмӕ та Йесо денджызы был ногӕй адӕмы райдыдта ахуыр кӕнын. Тынг бирӕ адӕм ӕрбамбырд ис йӕ алыварс. Уӕд Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ уым ӕрбадти, адӕм та иууылдӕр былгӕрон уыдысты.
Йесо бӕлӕгътӕй иумӕ, Симоны чи уыд, уыцы бӕлӕгъмӕ бахызти ӕмӕ йын йӕ хицаумӕ бахатыд, былӕй иу чысыл адарддӕр уӕм, зӕгъгӕ. Сбадти бӕлӕгъы ӕмӕ афтӕмӕй ахуыр кодта адӕмы.