16 Сымахӕн та тӕхудиаг сты уӕ цӕстытӕ — уынгӕ чи кӕны, стӕй уӕ хъустӕ — хъусгӕ чи кӕны.
Уӕд ын Йесо загъта: «Тӕхудиаг дӕ, Ионӕйы фырт Симон, уымӕн ӕмӕ дын уый адӕймаг нӕ раргом кодта, фӕлӕ Мӕ Уӕларвон Фыд.
Йесо йын загъта: «Ды баууӕндыдтӕ, уымӕн ӕмӕ Мӕ федтай. Тӕхудиаг сты, Мӕн чи нӕ федта, афтӕмӕй чи баууӕндыди, уыдон».
цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ талынгӕй рацӕуой рухсмӕ, сайтаны къухтӕй — Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ сӕ хай райсой“.
Уымӕн ӕмӕ афтӕ Чи загъта: «Талынгӕй сӕрттивӕд рухс», уыцы Хуыцау нӕ зӕрдӕты ссыгъта рухс, ӕмӕ мах базыдтам Хуыцауы намыс — уый ӕнхъӕвзы Йесо Чырыстийӕ.