14 Растдӕр сыл ӕрцыди Исайайы пехуымпар ныхас: „Хъусӕй хъусдзыстут, фӕлӕ нӕ бамбардзыстут, цӕстӕй кӕсдзыстут, фӕлӕ нӕ фендзыстут.
Байхъусут, ӕдылы ӕмӕ ӕнӕзонд адӕм, цӕстытӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ уынгӕ чи нӕ кӕны, хъустӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ къуырма чи у!
«Адӕймаджы фырт! Ды цӕрыс хиваст адӕмы ’хсӕн. Ис сын цӕстытӕ уынынӕн, фӕлӕ нӕ уынынц, ис сын хъустӕ дӕр хъусынӕн, фӕлӕ нӕ хъусынц — хивӕнд адӕм сты.
уымӕн ӕмӕ „сӕ цӕстӕй кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусӕй хъусынц, фӕлӕ не ’мбарынц. Хуыцаумӕ се ’ргом куы раздахиккой, уӕд сын барст ӕрцӕуиккой сӕ тӕригъӕдтӕ“».
Йесо сын загъта: «Сымахӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд у Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын, фӕлӕ иннӕтӕн уыцы фӕсномыг ныхӕсты баззадысты ӕмбӕхстӕй, уымӕн ӕмӕ „уыдон цӕстӕй кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусӕй хъусынц, фӕлӕ не ’мбарынц“.
Фӕлӕ се ’ппӕт Фарны Уацыл нӕ баууӕндыдысты. Уый тыххӕй Исайа зӕгъы: «Дунедарӕг, махӕй цы фехъуыстой, ууыл чи баууӕндыд?»
Нырма дӕр сӕ зонд куырм у. Рагон Фӕдзӕхст куы фӕкӕсынц, уӕд ыл уыцы ӕмбӕрзӕн тыгъд у, уымӕн ӕмӕ йӕ Чырысти хъуамӕ сиса.
Фӕлӕ уын абоны онг Дунедарӕг нӕдӕр зонд радта, цӕмӕй ӕмбарат, нӕдӕр — цӕстытӕ, цӕмӕй уынат, нӕдӕр — хъустӕ, цӕмӕй хъусат.