1 Уыцы бон Йесо рацыди хӕдзарӕй ӕмӕ денджызы был ӕрбадти.
Уымӕн ӕмӕ, Мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый у Мӕнӕн Ме ’фсымӕр, Мӕ хо ӕмӕ Мӕ мад».
Йесо адӕмы ауагъта ӕмӕ хӕдзармӕ ӕрбаздӕхти. Уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕм бахатыдысты: «Бамбарын нын кӕн фӕсномыг ныхас хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй».
Хӕдзармӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд Ӕм уыцы дыууӕ куырмы бацыдысты, ӕмӕ сӕ Йесо бафарста: «Мӕ бон уӕ сдзӕбӕх кӕнын кӕй у, уый уӕ уырны?» Уыдон Ын загътой: «О, Хицау!»
Йесо та ногӕй рацыди денджызы былмӕ. Уырдӕм Ӕм ӕрбацыди бирӕ адӕм, ӕмӕ сӕ ахуыр кодта.