8 Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт сабатӕн йӕ Хицау у».
Исчи Адӕймаджы Фырты куы рафауа, уӕд ын хатыргонд уыдзӕни, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды чи рафауа, уымӕн хатыр нӕ уыдзӕни нӕдӕр ацы, нӕдӕр фидӕны дунейы.
Уымӕн ӕмӕ Ионӕ стыр кӕсаджы хуылфы ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы куыд фӕци, афтӕ Адӕймаджы Фырт дӕр ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы уыдзӕни зӕххы арфы.
Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн — ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй».
Фӕлӕ сымах хъуамӕ зонат: Адӕймаджы Фыртӕн ахӕм бар ис, цӕмӕй зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна». Ӕмӕ ӕндзыгнизӕй хъыгдардӕн загъта: «Рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ ацу уӕхимӕ».
Уӕдӕ Адӕймаджы Фырт сабатӕн дӕр хицау у».
Ноджы ма сын загъта: «Адӕймаджы Фырт сабатӕн йӕ хицау у».
Къуырийы фыццаг бон сымахӕй алчидӕр, йӕ къух куыд амоны, афтӕ йӕ мулкӕй рахицӕн кӕнӕд, цӕмӕй, куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд уыцы ӕххуыс ӕмбырдгӕнинаг мауал уа.
Ӕгъдау кӕмӕн нӕй, уыдонӕн сдӕн, Ӕгъдау кӕмӕн нӕй, ахӕмау, — афтӕмӕй та Хуыцауы раз ӕнӕ ӕгъдау нӕ дӕн, фӕлӕ дӕн Чырыстийы ӕгъдауы дӕлбар, — цӕмӕй ӕрхонон, Ӕгъдау кӕмӕн нӕй, уыдоны.
Хуыцаубоны ӕз уыдтӕн Сыгъдӕг Удӕй разӕнгард ӕмӕ фӕстейӕ фехъуыстон нӕргӕ хъӕлӕс, сыкъауадындзы зӕлыны хуызӕн: «[Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, Фыццаг ӕмӕ Фӕстаг.]