Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 12:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 „Нывонд Мӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ уарзӕгой зӕрдӕ“ — ацы ныхасӕн йӕ мидис куы ӕмбариккат, уӕд ӕназымты зылынджын нӕ кодтаиккат.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 12:7
14 Iomraidhean Croise  

ӕртӕ хӕлармӕ та уымӕн, ӕмӕ Иовы ныхмӕ исты сдзурынӕн аккаг ныхӕстӕ не ссардтой.


Ӕнӕхуыцауы раст чи кӕны, рӕстуды — азымджын, иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр Дунедарӕджы раз — ӕлгъаг.


Уымӕн ӕмӕ Мӕ нывонд нӕ хъӕуы, фӕлӕ уарзӕгой зӕрдӕ, иууылсудзинаг нӕ, фӕлӕ — Хуыцауы базонын.


Йесо сын дзуапп радта: «Сымах рӕдийут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр Сыгъдӕг Фыст, нӕдӕр Хуыцауы тых зонут.


Ацӕут ӕмӕ базонут, мӕнӕ ацы ныхӕстӕ цы амонынц, уый: „Нывонд Мӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ уарзӕгой зӕрдӕ“. Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстгӕнджытӕм нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм фӕсидынмӕ».


Ӕмӕ „Йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт зондӕй, ӕппӕт хъаруйӕ уарзын“, стӕй, „дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарзын“ — уый ӕппӕт иууылсудзинаг ӕмӕ ӕппӕт иннӕ нывӕндтӕй ахсджиагдӕр у».


Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕ Йесойы нӕ базыдтой ӕмӕ, алы сабат дӕр кӕй фӕкастӕуы, пехуымпарты уыцы ныхӕстӕ нӕ бамбӕрстой. Сӕххӕст сӕ кодтой, мӕлӕты тӕрхон Ын кӕй рахастой, уымӕй.


Сымах рӕстгӕнджытӕн тӕрхон куы хастат ӕмӕ сӕ куы мардтат, уӕд уын уыдон та ныхкъуырд нӕ лӕвӕрдтой.


Мысырӕй чи рараст, уыцы адӕм се ’ппӕт дӕр уыдысты сунӕт, фӕлӕ рацӕуыны фӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыры рахау-бахауы заман чи райгуырди, уыдонӕй иу дӕр сунӕт не ’рӕййӕфта.


Самуел ын загъта: «Ау, Дунедарӕгӕн иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ Йӕ дзырдмӕ Йын хъусынӕй ӕхцондӕр фесты? Нӕ! — уисӕн кӕнын хуыздӕр у нывондӕй, коммӕ кӕсын та — тохъхъылты фиуӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan