6 Зӕгъын уын, ам ис, Кувӕндонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый.
Фӕлӕ Хуыцау адӕмимӕ куыд хъуамӕ цӕра зӕххыл? Уӕларв ӕмӕ уӕлдунетӕ Дыл куы не ’ххӕссынц, уӕд Ды, ӕз Дын цы Кувӕндон сарӕзтон, уым куыд хъуамӕ бацӕуай?
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Уӕларв Мӕ бадӕн у, зӕхх — Мӕ къӕхтӕвӕрӕн. Цавӕр хӕдзар Мын хъуамӕ саразат сымах? Кӕм ис Мӕн аккаг ӕрӕнцайӕн бынат?
Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы, афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. — Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы, уый Мын у адджын.
Мӕнӕ Ӕз ӕрвитын Мӕ фидиуӕджы, цӕмӕй Мын Мӕ развӕндаг слӕгъз кӕна. Ӕвиппайды Йӕ Кувӕндонмӕ ӕрцӕудзӕн, сымах кӕй агурут, уыцы Бардарӕг, кӕмӕ бӕллут, уыцы бадзырды Фидиуӕг. Мӕнӕ ныридӕгӕн ӕрбацӕуы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Науӕд Моисейы Ӕгъдауы нӕ кастыстут, алы сабаты дӕр сауджынтӕ, Кувӕндоны кусгӕйӕ, сабаты фӕтк кӕй халынц, фӕлӕ сын уый азымыл нымад кӕй нӕу?
Чырыстийы мидӕг баиу сты Хуыцауы ӕппӕт миниуджытӕ.