46 Йесо адӕмимӕ куы дзырдта, уӕд Йӕ мад ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ та лӕууыдысты дуармӕ, уыдоны дӕр фӕндыди Йемӕ аныхас кӕнын.
Йесо Чырыстийы райгуырд уыдис афтӕ. Йӕ мад Мариа ма куырдуаты бадти, Йосифимӕ нӕма баиу сты, афтӕмӕй рабӕрӕг ис, Мариа Сыгъдӕг Уды хъомысӕй ӕнхъӕлцау кӕй у, уый.
Ӕмӕ Йын чидӕр загъта: «Дӕ мад ӕмӕ Де ’фсымӕртӕ ӕдде лӕууынц, Демӕ сӕ ныхас кӕнын фӕнды».
Хъӕддӕсныйы фырт нӕу, ӕви? Йӕ мады ном Мариа нӕу, мыййаг? Йаков, Йосеф, Симон ӕмӕ Иудӕ Йе ’фсымӕртӕ не сты?
Ӕмӕ хӕдзармӕ куы бацыдысты, уӕд дзы федтой Сывӕллоны, Йӕ мад Мариаимӕ; сӕ зонгуытыл ӕрхаудысты ӕмӕ Йын бакуывтой. Уый фӕстӕ систой сӕ хӕзнатӕ ӕмӕ Йын Йӕ размӕ бахастой сӕ лӕвӕрттӕ: сыгъзӕрин, буд ӕмӕ смирнӕ.
ӕмӕ йын загъта: «Сыст, ракӕн Сывӕллоны Йӕ мадимӕ ӕмӕ ацу Израилы зӕхмӕ — Сывӕллоны марынвӕнд чи кодта, уыдон удӕгас нал сты».
Зӕронд дарӕсыл ног хъуымацӕй ӕмпъузӕн ничи ӕвӕры: лӕзӕрд хъуымац ӕй нӕ бауромдзӕн, ӕмӕ скъуыд ноджы фестырдӕр уыдзӕни.
Хъӕддӕсны нӕу, мыййаг, Мариайы фырт? Йаков, Йосеф, Иудӕ ӕмӕ Симоны ӕфсымӕр нӕу? Йӕ хотӕ дӕр ам, не ’хсӕн, не сты, ӕви?» Ӕмӕ Йыл сӕхи атигъ кодтой.
Мӕ Бардарӕджы мад мӕм ӕрбацӕуа, уыцы хорзӕх мӕм кӕцӕй ӕрхауд?
Йесойы тыххӕй цы загъта, уый диссаг фӕкасти Сабийы фыд ӕмӕ мадмӕ.
Симеон сӕ Хуыцауыл бафӕдзӕхста ӕмӕ Йесойы мад Мариайӕн загъта: «Ацы Сывӕллоны тыххӕй израилӕгтӕй бирӕтӕ дӕлӕмӕ ӕрхаудзысты ӕмӕ бирӕтӕ сбӕрзонд уыдзысты. Уый расайдзӕни быцӕутӕ,
Ныййарджытӕ Йӕ уым куы федтой, уӕд сӕ дисӕн кӕрон нал уыд. Мад Ын загъта: «Хъӕбул, уый нын цы бакодтай? Тынг Дыл мӕт кодтам ӕмӕ Дӕ агуырдтам Дӕ фыдимӕ».
Йесо рацыди семӕ, Назаретмӕ ӕрбаздӕхтысты, ӕмӕ алцӕмӕй дӕр касти сӕ коммӕ. Мад та уыцы цау йӕ зӕрдыл бадардта.
Йесо сын загъта: «Сымахӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд у Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын, фӕлӕ иннӕтӕн уыцы фӕсномыг ныхӕсты баззадысты ӕмбӕхстӕй, уымӕн ӕмӕ „уыдон цӕстӕй кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусӕй хъусынц, фӕлӕ не ’мбарынц“.
Йесойы дзуары цур лӕууыдысты Йӕ мад, Йӕ мады хо, Клеопайы ус Мариа, ӕмӕ магдалӕйаг Мариа.
Ӕртыккаг бон галилейаг Канӕйы уыди чындзӕхсӕв, ӕмӕ Йесойы мад уыди уым.
Уый фӕстӕ Йесо Йӕ мад, Йе ’фсымӕртӕ ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ацыди Капернауммӕ, ӕмӕ дзы цалдӕр боны фесты.
Уӕд Йӕ мад лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста: «Цы уын зӕгъа, уый-иу бакӕнут».
Фӕлӕ Йе ’фсымӕртӕ куы ацыдысты, уӕд Уый дӕр араст ис уырдӕм, ӕрмӕст ӕргомӕй нӕ — куыд ничи Йӕ базыдтаид, афтӕ.
Уӕд Йесойӕн Йе ’фсымӕртӕ загътой: «Ам мауал лӕуу, Иудеймӕ ацу. Уадз ӕмӕ Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр, Ды цы хъуыддӕгтӕ аразыс, уый сӕхи цӕстӕй феной.
Суанг ма Йыл Йе ’фсымӕртӕ дӕр не ’ууӕндыдысты.
Се ’ппӕт дӕр, семӕ — сылгоймӕгтӕ, Йесойы мад Мариа ӕмӕ Йе ’фсымӕртӕ — иудадзыг ӕмзӕрдӕйӕ куывтой.
Ӕви иннӕ апостолтӕн, Дунедарӕджы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ Кифӕйӕн, устытӕ куыд ис, афтӕ мӕнӕн мӕ уырнӕг хотӕй искӕй мӕхицӕн цардӕмбал скӕныны бар нӕй, кӕмдӕриддӕр мемӕ куыд уа, афтӕ?
Иннӕ апостолтӕй, Бардарӕг Йесойы ӕфсымӕр Йаковы йеддӕмӕ, ӕз никӕй федтон.