44 Уӕд фӕзӕгъы: „Аздӕхон фӕстӕмӕ, цы хӕдзарӕй рацыдтӕн, уырдӕм“. Ӕмӕ куы ӕрыздӕхы, уӕд дзы никӕй баййафы, хӕрзмарзт ӕмӕ йӕ хӕрзӕфснайдӕй ссары.
Уымӕн ӕмӕ уыдон цъӕх арт уадзынц кӕрдзынгӕнӕджы пецау, мӕнгарддзинадӕй семыдзаг сты: ӕхсӕвыгон сӕхи ӕвдисынц зӕрдӕхӕларӕй, райсомӕй та сӕ фыдӕх пецау ссудзы.
Кӕй бон бауыдзӕн тыхджыны хӕдзармӕ бацӕуын ӕмӕ йын йӕ фӕллӕйттӕ рахӕссын, раздӕр уал ын йӕхи куынӕ сбӕтта, уӕд? Ӕрмӕст ын уӕд бантысдзӕни хӕдзар сафтид кӕнын.
Ӕнӕзӕгъинаг адӕймагӕй куы рацӕуы, уӕд ӕнӕдон рӕтты ӕнцой агурӕг фӕзилы, фӕлӕ йӕ не ссары.
Уӕд ацӕуы ӕмӕ йемӕ ӕркӕны ӕндӕр авд ӕнӕзӕгъинаджы, йӕхицӕй фыддӕрты, бацӕуынц уырдӕм ӕмӕ дзы ӕрцӕрынц. Ӕмӕ уыцы адӕймаг бахауы, раздӕр цы уыди, уымӕй ноджы фыддӕр уавӕры. Ацы фыдзӕрдӕ фӕлтӕрӕн дӕр сӕ хабар раст афтӕ уыдзӕн».
Ӕмӕ йӕм фӕстӕмӕ куы баздӕхы, уӕд ӕй марзт ӕмӕ ӕфснайдӕй баййафы.
Иудӕ афтӕ, мӕгуыртыл кӕй тыхсти, уый тыххӕй нӕ загъта, фӕлӕ, давӕг кӕй уыд, уымӕн: ӕхцайы лагъз уымӕ уыди, ӕмӕ-иу дзы цы нывӕрдтой, уымӕй-иу фелвӕста йӕхицӕн.
Уыцы рӕстӕг хӕйрӕг Иудӕйы, Симон Искариоты фырты, Йесойы ауӕй кӕныныл сардыдта.
Уыцы тӕккӕ уысм сайтан бацыди Иудӕйы мидӕг, ӕмӕ йын уӕд Йесо загъта: «Цы кӕнинаг дӕ, уый тагъддӕр кӕн».
Ӕцӕг уӕм алыхуызон зондахаст дӕр хъуамӕ уа, уе ’хсӕн фӕлтӕрд чи у, уыдон куыд сбӕлвырд уой, афтӕ.
Уыцы тӕригъӕдты аххосӕй цардыстут ацы дунейы уагыл, уӕлдӕфы ӕлдариуӕг чи кӕны ӕмӕ, Хуыцауы ныхмӕлӕуджыты фӕрцы ныр цы мон архайы, уымӕн коммӕгӕсӕй.
Уыдон мах ӕхсӕнӕй рацыдысты, фӕлӕ махӕй нӕ уыдысты. Махӕй куы уыдаиккой, уӕд немӕ уаиккой. Фӕлӕ уыдон ацыдысты ӕмӕ уымӕй раргом, се ’ппӕт дӕр махӕй кӕй нӕ уыдысты, уый.
Мӕ хуртӕ, сымах Хуыцауӕй стут ӕмӕ басастат уыцы мӕнг пехуымпарты, уымӕн ӕмӕ, уӕ зӕрдӕты Чи ис, Уый уӕлдӕр у, дунейы чи ис, уымӕй.