Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 12:42 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

42 Хуссары ус-паддзах Тӕрхоны Бон растдзӕн ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ базылын кӕндзӕни, уымӕн ӕмӕ уый зӕххы кӕронӕй ӕрбацыд Соломоны уӕлзондмӕ байхъусынмӕ. Ныр та ам ис, Соломонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 12:42
22 Iomraidhean Croise  

Алы бӕстӕтӕй йӕм цыдысты йӕ ныхӕстӕм байхъусынмӕ, Хуыцау ын цы куырыхон зонд балӕвар кодта, уый фенынмӕ.


уый тыххӕй дын ӕххӕст кӕнын дӕ курдиат. Дӕттын дын ӕмбаргӕ зӕрдӕ ӕмӕ куырыхон зонд; дӕ размӕ чи уыд, уыдоны ’хсӕн демӕ абарӕн дӕр никӕй ис, ӕмӕ дӕ фӕстӕ дӕр дӕуӕн ӕмбал нӕ уыдзӕн.


Ӕппӕт Израилы адӕмыл дӕр айхъуысти паддзахы тӕрхоны хабар, ӕмӕ йын аргъуыц кӕнын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ федтой, Хуыцауы уӕлзондӕй хайджын тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уый.


Уӕдӕ ратт мӕнӕн, дӕ цагъарӕн, ӕмбаргӕ зӕрдӕ, цӕмӕй мӕ бон уа Дӕ адӕмӕн тӕрхон кӕнын ӕмӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасын. Ӕнӕ уымӕй чи бафӕраздзӕн ацы стыр адӕмӕн уаг ӕрӕвӕрын?»


Хуыцау Соломонӕн балӕвар кодта куырыхондзинад, бирӕ зонындзинӕдтӕ, стыр зонд — денджызы был цы змис ис, уыйау ӕнӕнымӕц.


Соломоны зонды ныхӕстӕм байхъусынмӕ дунейы алы къуымтӕй цыдысты алы адӕмты минӕвӕрттӕ, йӕ куырыхон зонды кой-иу кӕмӕ байхъуыст, уыцы паддзӕхтӕ дӕр ӕм ӕрвыстой сӕ минӕвӕртты.


Дунедарӕг Соломонӕн радта куырыхон зонд, зӕрдӕ йын куыд бавӕрдта, афтӕ. Соломон ӕмӕ Хирамы ’хсӕн уыди фидыд, сӕ кӕрӕдзиимӕ цардысты хӕларӕй.


Уӕдӕ уын Бардарӕг Йӕхӕдӕг фенын кӕндзӕн ӕвдисӕйнаг: Чызг банхъӕлцау уыдзӕн ӕмӕ Фырт ныййардзӕн, схондзӕн Ӕй Эммануил.


Ниневиӕгтӕ Тӕрхоны Бон мӕрдтӕй растдзысты ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ базылын кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтой Ионӕйы пехуымпар ныхасӕй. Ныр та ам ис, Ионӕйӕ уӕлдӕр Чи у, Уый.


Зӕгъын уын, ам ис, Кувӕндонӕй уӕлдӕр Чи у, Уый.


Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ сӕ рухскалгӕ ӕврагъ ӕрӕмбӕрзта, ӕмӕ уырдыгӕй райхъуысти: «Ай, Кӕуыл аудын, Мӕ уыцы уарзон Фырт у. Хъусут Ӕм».


Ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуысти: «Ай мӕ уарзон Фырт у. Ӕз Ыл аудын».


Дзырд сси Адӕймаг ӕмӕ царди не ’хсӕн, хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгадӕй ӕххӕстӕй. Ӕмӕ Йын мах федтам Йӕ кад — Фыдӕй иунӕг Фыртӕн цы кад ис, уый.


Хуыцауы никуы ничи федта, фӕлӕ нын Ӕй Йӕ иунӕг Фырт — Фыдимӕ иу Чи у ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау Чи у, Уый раргом кодта.


Фӕсденджыз не сты, цӕмӕй афтӕ зӕгъат, чи фӕцӕудзӕн мах тыххӕй фӕсденджызмӕ ӕмӕ нын сӕ чи ӕрбахӕсдзӕн, цӕмӕй сӕ мах ӕххӕст кӕнӕм, зӕгъгӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan