23 Адӕм иууылдӕр дис кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Уый ӕцӕг Давиды байзӕддаг ма уа?»
Уым Йӕ размӕ рацыди уырдыгон ханаанаг сылгоймаг ӕмӕ Йӕм хъӕр кодта: «Батӕригъӕд мын кӕн, Бардарӕг, Давиды Фырт! Мӕ чызг хӕйрӕджджын сси, ӕмӕ йӕ удхарӕй марынц».
Йесойӕн Йӕ разӕй ӕмӕ Йӕ фӕстӕ цы адӕм цыди, уыдон хъӕр кодтой: «Осаннӕ Давиды Фыртӕн! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг! Осаннӕ уӕлӕрвты!»
Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд адӕмы дисы бафтыдта Йӕ ахуырад,
Йесо уырдыгӕй куы рараст ис, уӕд дыууӕ куырмы рацыдысты Йӕ фӕдыл ӕмӕ хъӕр кодтой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Давиды Фырт!»
Ӕмӕ Йесо дӕлимоны куы фӕсырдта, уӕд къуытты сдзырдта. Адӕм дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Ахӕм хъуыддаг Израилы никуыма ӕрцыди».
«Рацӕут ӕмӕ фенут, ӕз цы ракодтон, ӕппӕт уыдӕттӕ мын Чи загъта, уыцы Адӕймаджы. Уый Чырысти нӕу, цымӕ?»