Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 12:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уӕд фарисейтӕ рацыдысты уырдыгӕй ӕмӕ уынаффӕтӕ кодтой, Йесойы цы амалӕй амарой, уый тыххӕй. Фӕлӕ сын Йесо сӕ фӕнд базыдта ӕмӕ Йӕхи айста уырдыгӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 12:14
15 Iomraidhean Croise  

ӕмӕ бауынаффӕ кодтой Йесойы хинӕй ӕрцахсын ӕмӕ Йӕ амарын.


Куы сбон ис, уӕд алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Йесойӕн марыны тӕрхон рахӕссой.


Дыууӕ боны фӕстӕ хъуамӕ уыдаид Куадзӕн ӕмӕ Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕ агуырдтой Йесойыл хинӕй рацӕуыны ӕмӕ Йӕ амарыны фадат


Фарисейтӕ рацыдысты ӕмӕ уыйадыл Ироды фарсхӕцджытимӕ уынаффӕ кӕнын райдыдтой, Йесойы цы амалӕй амарой, уый фӕдыл.


Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ динамонджытӕ агуырдтой, цӕсты сӕ чи нӕ бафтауа, ахӕм ӕфсон Йесойы амарынӕн, уымӕн ӕмӕ адӕмӕй тарстысты.


Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕн сӕ маст фыхти Йесомӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ кодтой, цы Йын бакӕной, ууыл.


Ӕмӕ та иудейӕгтӕ ногӕй дуртӕм фӕлӕбурдтой, дурты бын Ӕй фӕкӕнӕм, зӕгъгӕ.


Ӕрцахсынмӕ та Йӕ хъавыдысты, фӕлӕ Уый аирвӕзти сӕ къухӕй.


Уыцы бон Йесойы амарынвӕнд скодтой.


Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ фарисейтӕ та бардзырд радтой: Йесо кӕм ис, уый исчи куы базона, уӕд сын фехъусын кӕнӕд, цӕмӕй Йӕ ӕрцахсой.


Уӕд иудейӕгтӕ ноджы тынгдӕр Йӕ амарыныл архайын райдыдтой. Уымӕн ӕмӕ Уый канд сабаты ӕгъдау нӕ хӕлдта, фӕлӕ ма Хуыцауы дӕр хуыдта Йӕ Фыд ӕмӕ уымӕй Йӕхи кодта Хуыцауы ӕмсӕр.


Уыдон Ӕй хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух баххӕссыди, уымӕн ӕмӕ Йӕ рӕстӕг нӕма ӕрцыд.


Адӕмы ӕхсӕн Йесойы тыххӕй цы ныхӕстӕ цӕуы, уый фарисейтӕ фехъуыстой. Ӕмӕ уӕд алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ Кувӕндон хъахъхъӕнджыты арвыстой, цӕмӕй Йӕ ӕрцахсой.


Чидӕртӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ Йӕм никӕй къух баххӕссыд.


Уӕд уыдон дуртӕ фелвӕстой, цӕмӕй Йыл сӕ фехсой, фӕлӕ Йесо фӕаууон ис ӕмӕ рацыди Кувӕндонӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan