11 Уый сын загъта: «Искӕмӕ уӕ иу фыс куы уа ӕмӕ йын сабаты уӕрмы куы ныххауа, уӕд ӕй уырдыгӕй не сласдзӕн, ӕви?
Иу сабаты Йесо фӕцӕйцыди хоры хуымтыл. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сыстонг сты, райдыдтой ӕфсиртӕ тонын ӕмӕ хӕрын.
Уыдонӕн та загъта: «Искӕмӕн уӕ сабаты йӕ хӕрӕг кӕнӕ йӕ гал цъайы куы ныххауа, уӕд ӕй уыцы сахат не сласдзӕн, ӕви?»
Фӕндагыл искӕмӕн йӕ хӕрӕг кӕнӕ йӕ гал бастад ӕмӕ ӕрхауд, зӕгъгӕ, уӕд йӕ иувӕрсты ма ахиз — йӕ хицауӕн ын феххуыс кӕн, ӕмӕ йӕ иумӕ слӕууын кӕнут йӕ къӕхтыл.