Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 11:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уыдон куы ацыдысты, уӕд Йесо райдыдта адӕмӕн Иоанны тыххӕй дзурын: «Цы уынынмӕ цыдыстут ӕдзӕрӕг быдырмӕ? Дымгӕ кӕй ӕнкъусы, уыцы хъӕз?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 11:7
15 Iomraidhean Croise  

Ивылд донау абухыс ды, ӕмӕ нӕ уыдзӕн хистӕры кад дӕу: дӕ фыды уатмӕ ӕнӕфсармӕй схызтӕ, фӕчъизи мын кодтай мӕ хуыссӕн.


Уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, ахӕм адӕймаджы? О, фӕлӕ зынаргъ дарӕс чи дары, уыдон паддзӕхты галуанты цӕрынц.


Хъӕзы фаст зӕнг не ’рбасӕтдзӕн ӕмӕ ахуыссынӕввонг цырагъ нӕ бамынӕг кӕндзӕн, цалынмӕ раст тӕрхонӕн уӕлахиз ӕрхӕсса, уӕдмӕ.


Иоанн цы аргъуыдӕй аргъуыдта, уый йын кӕмӕй лӕвӕрд уыд: уӕларвӕй ӕви адӕмӕй?» Уыдон кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «„Уӕларвӕй“ куы зӕгъӕм, уӕд нӕ Уый бафӕрсдзӕн: „Уӕдӕ Иоанныл цӕуылнӕ баууӕндыдыстут?“


Йерусалим ӕмӕ ӕгас Иудей, Иорданы алфамбылай цӕрджытӕ йӕм иууылдӕр цыдысты,


Уӕдӕ, куыд хъусут, уымӕ лӕмбынӕг ӕркӕсут, уымӕн ӕмӕ, кӕмӕ ис, уымӕн рардӕуыдзӕн; кӕмӕ нӕй, уымӕн та, ис мӕм, зӕгъгӕ, ӕнхъӕл цӕмӕй у, уый дӕр байстӕуыдзӕн».


Йесо фӕстӕмӕ куы фӕзылд ӕмӕ сӕ Йӕ фӕдыл цӕугӕ куы федта, уӕд сӕ фӕрсы: «Цы уӕ хъӕуы?» Уыдон дӕр Ӕй бафарстой: «Равви (ома Ахуыргӕнӕг), кӕм цӕрыс?»


Иоанн уыди цырагъ — сыгъди ӕмӕ рухс кодта, сымах та уыцы цыбыр рӕстӕг фӕндыди йӕ рухсмӕ цин кӕнын.


Уӕд нал уыдзыстӕм, алы ахуырӕдтӕ уылӕнтау кӕмӕй хъазынц ӕмӕ дымгӕйау кӕй ахӕссынц, ахӕм сабитӕ; сайынмӕ дӕсны чи у, уыдоны амӕттаг нал уыдзыстӕм.


Ӕрмӕст курӕд, кӕй райсдзӕн, ууыл ӕууӕндгӕйӕ ӕмӕ бынтон ӕнӕдызӕрдыгӕй. Уымӕн ӕмӕ дызӕрдыггӕнӕг у, дымгӕ кӕй сисы ӕмӕ кӕмӕй фӕхъазы, уыцы денджызон уылӕнау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan