Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 11:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 куырмытӕ райдыдтой уынын, цӕнкуылтӕ — цӕуын, хъотырджынтӕн сӕ низ сӕфы, къуырматӕ хъусынц, мӕрдтӕ ӕгас кӕнынц, мӕгуыртӕ хъусынц Фарны Уац.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 11:5
41 Iomraidhean Croise  

Уыйадыл Нееман ацыд Иорданы былгӕронмӕ. Хуыцауы уарзон адӕймаджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ дзы авд хатты куы нынныгъуылдис, уӕд йӕ буар сабийы буарау фестади, ссыгъдӕг ис бынтондӕр.


Израилы паддзах уыцы фыстӕг куы бакаст, уӕд йӕ уӕлӕдарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ загъта: «Уымӕй афтӕ, ӕз Хуыцау дӕн? Марын ӕмӕ ӕгас кӕныны хъуыддӕгтӕ мӕ бӕрны, мыййаг, сты? Мӕнмӕ йӕ цы ’рбарвыста йӕ хъотырнизӕй сдзӕбӕх кӕнынмӕ? Уӕдӕ йӕ уӕ зӕрдыл бадарут, хӕст расидын ӕй фӕнды ӕмӕ ӕфсон агуры».


Уый арв ӕрбамбӕрзы мигътӕй, зӕххыл къӕвда ӕруадзы, хӕхтыл кӕрдӕг ӕрзайын кӕны.


Дунедарӕг ын загъта: «Адӕймагӕн ӕвзаг чи радта? Гоби кӕнӕ йӕ къуырма чи скӕны? Чи йӕ кӕны куырм кӕнӕ цӕстджын? Ӕз, Дунедарӕг!


Уыцы бон къуырматӕ фехъусдзысты тухгӕ чиныджы ныхӕстӕ, куырмыты цӕстытыл нал баддзӕн фӕлм, ӕмӕ суындзысты.


Сӕрныллӕджытӕн Дунедарӕг ног циндзинад ӕрхӕсдзӕн, мӕгуыртӕн сӕ зӕрдӕ барайдзӕн Израилы Стыр Хуыцауы фӕрцы.


Размӕ рацӕуӕнт Мӕ адӕм, цӕстытӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ сӕ уынгӕ чи нӕ кӕны, хъустӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ сӕ хъусгӕ чи нӕ кӕны!


Ӕз Мӕхи къухӕй сфӕлдыстон алцы, афтӕмӕй фӕзындысты ӕппӕт уыдӕттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг. — Састзӕрдӕ ӕмӕ сӕрныллӕг, Мӕ ныхасмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ чи хъусы, уый Мын у адджын.


Ӕз хиздзынӕн ӕргӕвдинаг фысты, ӕцӕгӕйдӕр мӕгуыр чи у, уыдоны. Мӕхицӕн райсдзынӕн дыууӕ лӕдзӕджы, иу дзы схондзынӕн хӕрзаудӕн, иннӕ та — фидыд ӕмӕ уыдонӕй фысты хиздзынӕн.


Дзӕбӕх кӕнут рынчынты, ӕгас кӕнут мӕрдты, сыгъдӕг кӕнут хъотырджынты, сурут дӕлимонты. Лӕвар райстат — лӕвар дӕттут.


Йесо сын дзуапп радта: «Цӕут ӕмӕ зӕгъут Иоаннӕн, цы хъусут ӕмӕ цы уынут, уый:


Ӕмӕ уыцы лӕгӕн загъта: «Дӕ къух-ма Мӕм ӕрбадар». Уый Йӕм йӕ къух бадардта, ӕмӕ йын адзӕбӕх ис, йӕ иннӕ къухы хуызӕн сси.


Кувӕндоны Йӕм куырмытӕ ӕмӕ къуылыхтӕ бацыдысты, ӕмӕ сӕ Уый сдзӕбӕх кодта.


Тӕхудиаг сты, Хуыцауы сӕраппонд мӕгуыр чи у, — Уӕларвон Паддзахад уыдоны у.


Ӕмӕ сӕ цӕстытӕй ракастысты. Йесо сын карзӕй бафӕдзӕхста: «Хъусут, уый тыххӕй мачи хъуамӕ базона».


Адӕмы дисӕн кӕрон нал уыд, ӕмӕ дзырдтой: «Хорз кӕны алцы дӕр: къуырматӕн дӕр байгом кӕны сӕ хъустӕ, къуыттыты дӕр сдзурын кӕны».


Йесо адӕмы ӕрбацӕйзгъоргӕ куы федта, уӕд ӕнӕзӕгъинагӕн карзӕй загъта: «Ӕгомыг ӕмӕ къуырма уд! Ӕз дын бардзырд дӕттын: рахиз дзы ӕмӕ йӕ мидӕг макуыуал бацу».


«Мӕныл ис Дунедарӕджы Уд, уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста мӕгуыртӕн Фарны Уац фехъусын кӕнынмӕ: уацайрӕгтӕ кӕй ссӕрибар уыдзысты, куырмытӕ кӕй ракӕсдзысты сӕ цӕстӕй, ӕфхӕрд адӕм сӕ хъизӕмарӕй кӕй фервӕздзысты ӕмӕ


Йесо сын дзуапп радта: «Загътон уын ӕй, ӕмӕ уӕ нӕ уырны. Ӕз Мӕ Фыды номӕй цы хъуыддӕгтӕ аразын, уыдон Мын сты ӕвдисӕн.


Фӕлӕ сӕ кӕд кӕнын ӕмӕ Мыл уӕддӕр не ’ууӕндут, уӕд Мӕ хъуыддӕгтыл баууӕндут, цӕмӕй базонат ӕмӕ бамбарат, Мӕ Фыд Мемӕ иу кӕй у ӕмӕ Ӕз дӕр Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн, уый».


Куадзӕны бӕрӕгбоны Йесо Йерусалимы куы уыди, уӕд цы диссӕгтӕ ӕвдыста, уыдон бирӕтӕ федтой ӕмӕ Йыл баууӕндыдысты.


Уый ӕхсӕвы ӕрбацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Равви, мах зонӕм, Ды, Хуыцауӕй Чи ӕрцыд, ахӕм Ахуыргӕнӕг кӕй дӕ. Уымӕн ӕмӕ, Ды цы диссӕгтӕ аразыс, уыдон саразын никӕй бон бауыдзӕн, Хуыцау йемӕ куынӕ уа, уӕд».


Мӕнӕн ис, Иоанн цы загъта, уымӕй тыхджындӕр ӕвдисӕйнаг. Мӕ Фыд Мын цы хъуыддӕгтӕ бафӕдзӕхста, Ӕз уыцы хъуыддӕгтӕ ӕххӕст кӕнын, ӕмӕ уыдон ӕвдисӕн сты, Мӕ Фыд Мӕ кӕй рарвыста, уымӕн.


ӕмӕ йын загъта: «Ацу ӕмӕ дӕ цӕсгом Силоамы найӕны цӕхс». («Силоам» нысан кӕны «ӕрвыст».) Уый ацыд, йӕхи цӕхсадта ӕмӕ фӕстӕмӕ, йӕ цӕстӕй ракаст, афтӕмӕй ӕрбаздӕхти.


Израилӕгтӕ, байхъусут, Назаретаг Йесойы тыххӕй уын цы зӕгъдзынӕн, уымӕ: Хуыцау Ӕй кӕй рарвыста, ууыл дзурӕг сты, уӕ цӕстыты раз Хуыцау Йӕ фӕрцы цы стыр хъуыддӕгтӕ, диссӕгтӕ ӕмӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ равдыста, уыдон.


Байхъусут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Дунейы цӕсты гӕвзыкк чи у, уыдоны Хуыцау, мыййаг, нӕ сӕвзӕрста уырнындзинадӕй сӕ схъӕздыг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ Йӕ Паддзахадмӕ бахонынмӕ? Уыцы Паддзахадӕй Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan