20 Уый фӕстӕ Йесо уайдзӕф кӕнын райдыдта, фылдӕр диссӕгтӕ кӕм равдыста, фӕлӕ уӕддӕр чи не ’рфӕсмон кодта, уыцы сахартӕн:
Лӕмбынӕг сӕм хъуыстон, фӕлӕ рӕстдзинад нӕ дзурынц, йӕ фыдракӕндтыл дзы иу дӕр нӕ фӕсмон кӕны. Цы бакуыстон, зӕгъгӕ, ничи дзуры, цыма бӕх тохы быдыры размӕ ныййарц вӕййы, уыйау алчидӕр йӕхи фӕндагмӕ згъоры.
Ниневиӕгтӕ Тӕрхоны Бон мӕрдтӕй растдзысты ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ базылын кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтой Ионӕйы пехуымпар ныхасӕй. Ныр та ам ис, Ионӕйӕ уӕлдӕр Чи у, Уый.
Ӕппынфӕстаг Йесо Йӕ иуӕндӕс ахуыргӕнинагмӕ раргом ис, фынджы уӕлхъус куы бадтысты, уӕд. Ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыд, сӕ зӕрдӕтӕ ӕхгӕд кӕй разындысты ӕмӕ, Йӕ райгасы фӕстӕ Йӕ чи федта, уыдоныл кӕй нӕ баууӕндыдысты, уый тыххӕй.
Йесо дзуапп радта: «Ӕнӕуырнӕг фӕлтӕр! Цас ма уыдзынӕн уемӕ? Кӕдмӕ ма уын быхсдзынӕн? Ӕрбакӕнут Мӕм ӕй».
Дӕуӕй цыдӕр ӕнахуыр диссаг хъусӕм, ӕмӕ цы у, уый базонын нӕ фӕнды».
Куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд та мӕ Хуыцау сымах тыххӕй куы фегад кӕна ӕмӕ кӕуинаг куы фӕуон, тӕригъӕды чи бацыди ӕмӕ йӕ чъизи хъуыддӕгтӕ, йӕ хъахбайдзинад ӕмӕ ӕлгъаг митыл фӕсмон чи нӕ фӕкодта, бирӕ ахӕм адӕмтыл.
Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не ’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, — ӕмӕ йын ратдзӕн.
сӕ хъизӕмары ӕмӕ сӕ хӕфдзӕстыты тыххӕй ӕлгъыстой Уӕларвон Хуыцауы, фӕлӕ сӕ хъуыддӕгтыл не ’рфӕсмон кодтой.
Адӕм тыхджын ӕнтӕфӕй тыхстысты ӕмӕ ӕлгъыстой Хуыцауы ном — ацы рынтыл Кӕй бар цыди, Уый ном. Фӕсмон сӕм не ’рцыд, ӕмӕ Йын кад не скодтой.
Ӕз ын радтон рӕстӕг ӕрфӕсмон кӕнынӕн, фӕлӕ хъахбай кӕй у, ууыл ӕй ӕрфӕсмон кӕнын нӕ фӕнды.