Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 11:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Иоанн ахӕстоны, Чырысти цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдоны кой куы фехъуыста, уӕд Ӕм йӕ ахуыргӕнинӕгты арвыста бафӕрсынмӕ:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 11:2
11 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕ Авраамӕй Давиды онг ӕдӕппӕтӕй уыди цыппӕрдӕс фӕлтӕры; Давидӕй Вавилонмӕ хаст ӕрцӕуыны онг дӕр — цыппӕрдӕс фӕлтӕры; ӕмӕ Вавилоны заманӕй Чырыстийы онг дӕр — цыппӕрдӕс фӕлтӕры.


Хабар та афтӕ уыдис: Ирод ӕрцахста Иоанны йе ’фсымӕр Филиппы ус Иродиадӕйы тыххӕй, рӕхыстӕй йӕ сбаста ӕмӕ йӕ ахӕстоны бакодта.


Иоанны ӕрцахстой, уый фехъусгӕйӕ, Йесо фӕстӕмӕ Галилеймӕ аздӕхти.


Уӕд Ӕм бацыдысты Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йын загътой: «Мах ӕмӕ фарисейтӕ ком арӕх куы дарӕм, уӕд Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕуылнӕ дарынц ком?»


Хабар та уыдис афтӕ: Ирод ӕрцахсын кодта Иоанны ӕмӕ йӕ Иродиадӕйы тыххӕй ахӕстоны бакодта. Уый уыдис йе ’фсымӕр Филиппы ус, ӕмӕ йӕ Ирод ракуырдта.


Фӕлӕ хицау Иродӕн йе ’фсымӕры ус Иродиадӕйы йӕ цӕстмӕ куы бадардта, стӕй ма йын йӕ иннӕ фыдракӕндты тыххӕй куы бауайдзӕф кодта,


Ӕппӕт уыцы цауты кой фехъуыста тетрарх Ирод ӕмӕ, цы хъуыды кӕна, уый нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ иутӕ дзырдтой, уый, дам, Иоанн мӕрдтӕй растади, зӕгъгӕ;


Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕй фылдӕр кӕнынц ӕмӕ Иоаннӕй фылдӕр аргъауы, зӕгъгӕ, уыцы хабар фарисейтӕм кӕй бахӕццӕ ис, Йесо уый куы базыдта —


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan