Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 11:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Ӕрцыдис Адӕймаджы Фырт, хӕры ӕмӕ нуазы, ӕмӕ Дзы уыдон зӕгъынц: „Мӕнӕ гуыбындзӕл ӕмӕ расыггӕнаг, хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынты лымӕн“. Фӕлӕ Хуыцауы Уӕлзонд цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон сты Йӕ растгӕнӕг».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 11:19
19 Iomraidhean Croise  

Зондджынӕн йӕ цӕстӕнгас — уӕлзонды ’рдӕм арӕзт, ӕдылыйы цӕстытӕ зӕххы кӕрӕттыл зилынц.


уымӕн ӕмӕ расыггӕнаг ӕмӕ гуыбындзӕл мӕгуырмӕ ’рцӕудзысты, дӕ зивӕджы тыххӕй бызгъуырты цӕудзынӕ.


Чи уӕ уарзы, уыдоны куы уарзат, уӕд уын уый тыххӕй цавӕр хӕрзиуӕг хъуамӕ уа? Хъалонисджытӕ дӕр афтӕ нӕ кӕнынц, ӕви?


Иу сабаты Йесо сихор хӕрынмӕ фарисейты хистӕртӕй иуы хӕдзармӕ бацыд, ӕмӕ Йӕм фарисейтӕ сӕ цӕст дардтой.


Адӕм уый куы федтой, уӕд сӕ хъуыр-хъуырӕй нал ӕнцадысты, уыцы тӕригъӕдджын адӕймагмӕ уазӕгуаты куыд бацыд, зӕгъгӕ.


Иоаннмӕ чи хъуыста, ӕппӕт уыцы адӕм, суанг хъалонисджытӕ дӕр, Хуыцауы фӕндон банымадтой растыл ӕмӕ донаргъуыд райстой Иоаннӕй.


Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр хуынд уыдысты чындзӕхсӕвмӕ.


Алчидӕр нӕ хъуамӕ хъуыды кӕна, йе ’фсымӕры монон рӕзт ӕмӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ахъаз цы у, уый тыххӕй.


«Аммен! Кад ӕмӕ арфӕ, уӕлзонд ӕмӕ арфӕтӕ, намыс, тых ӕмӕ хъомыс нӕ Хуыцаумӕ сты мыггагмӕ! Аммен!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan