Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 11:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Аргъауӕг Иоанны заманӕй фӕстӕмӕ Уӕларвон Паддзахад райсыныл хъӕуы ӕппӕт хъарутӕ бахардз кӕнын, ӕмӕ, чи архайы, уыдон ӕй райсынц.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 11:12
11 Iomraidhean Croise  

Ӕцӕг уын зӕгъын: сылгоймагӕй чи райгуырд, уыдонӕй Аргъауӕг Иоаннӕй стырдӕр нӕ уыди, фӕлӕ, Уӕларвон Паддзахады тӕккӕ къаддӕр чи у, уый дӕр Иоаннӕй стырдӕр у.


Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпартӕ се ’ппӕт дӕр Уӕларвон Паддзахады кой кодтой Иоанны размӕ.


Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ныр уал афтӕ уӕд. Афтӕмӕй мах Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕндзыстӕм». Ӕмӕ уӕд Иоанн сразы ис.


«Архайут нарӕг дуарыл бацӕуыныл. Уымӕн ӕмӕ, зӕгъын уын, бирӕтӕ бахизыныл архайдзысты, фӕлӕ сӕ бон нӕ бауыдзӕни.


Моисейы Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпартӕ Иоанны размӕ уыдысты. Ацы рӕстӕджы та хъуыстгонд цӕуы Хуыцауы Паддзахады уац, ӕмӕ алчидӕр йе ’ппӕт хъарутӕй уырдӕм бахауыныл архайы.


Хуыцауы зӕд-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ йӕхи ӕруагъта найӕнмӕ ӕмӕ-иу дон азмӕста; уый фӕстӕ-иу фыццаг чи ныххызт, уый-иу сдзӕбӕх ис цыфӕнды низӕй дӕр.]


Сӕфгӕ цы хойраг кӕны, ууыл ма тыхсут, фӕлӕ тыхсут, фесӕфӕн кӕмӕн нӕй ӕмӕ мыггагмӕйы цард чи дӕтты, уыцы хойрагыл. Уый уын ратдзӕнис Адӕймаджы Фырт, уымӕн ӕмӕ Йын ахӕм бар Фыд Хуыцау радта».


Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, сымах иудадзыг коммӕгӕс уыдыстут — ӕз уемӕ куы уыдтӕн, уӕд дӕр, уӕлдайдӕр та ныртӕккӕ, ӕз уемӕ куы нӕ дӕн, уӕд. Уӕдӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ уӕхи хъарут уӕ фервӕзыныл,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan