7 Цӕут ӕмӕ хъусын кӕнут, Уӕларвон Паддзахад кӕй ӕрӕввахс ис, уыцы уац.
Мӕныл ис Дунедарӕг Хуыцауы Уд, уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста мӕгуыртӕн фарны уац фехъусын кӕнынмӕ, састзӕрдӕты сдзӕбӕх кӕнынмӕ, уацайрӕгтӕ ӕмӕ ахӕстытӕн, се ссӕрибары рӕстӕг кӕй ралӕууыд, уый зӕгъынмӕ.
Дзӕбӕх кӕнут рынчынты, ӕгас кӕнут мӕрдты, сыгъдӕг кӕнут хъотырджынты, сурут дӕлимонты. Лӕвар райстат — лӕвар дӕттут.
Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагӕн уыдӕттӕ бафӕдзӕхсыны фӕстӕ Йесо уырдыгӕй ацыди, цӕмӕй иннӕ сахарты дӕр адӕмӕн амона ӕмӕ сын Фарны Уац хъусын кӕна.
Уыцы дыууӕйӕ йӕ фыды фӕндон чи сӕххӕст кодта?» Уыдон Ын загътой: «Фыццаг». Ӕмӕ сын Йесо афтӕ: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: хъалонисджытӕ ӕмӕ хъахбай сылгоймӕгтӕ сымахӕй раздӕр бацӕудзысты Хуыцауы Паддзахадмӕ.
Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахад сымахӕй ист ӕрцӕудзӕн ӕмӕ, пайда чи дӕтты, уыцы адӕмӕн ӕй рардӕуыдзӕн.
Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Адӕмӕн Уӕларвон Паддзахады дуар ӕхгӕнут; уӕхӕдӕг дӕр ӕм нӕ цӕут ӕмӕ йӕм бацӕуын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут.
«Уӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнут, уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад ӕрхӕстӕг ис».
Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йесо райдыдта Фарны Уац хъусын кӕнын: «Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад ӕрхӕстӕг ис».
Ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ адӕммӕ сидтысты, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕной.
Моисейы Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпартӕ Иоанны размӕ уыдысты. Ацы рӕстӕджы та хъуыстгонд цӕуы Хуыцауы Паддзахады уац, ӕмӕ алчидӕр йе ’ппӕт хъарутӕй уырдӕм бахауыныл архайы.
Арвыста сӕ адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады уац фехъусын кӕнынмӕ, стӕй рынчынты дзӕбӕх кӕнынмӕ.
Ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ зылдысты хъӕутыл, алы ран дӕр хъусын кодтой Фарны Уац ӕмӕ дзӕбӕх кодтой рынчынты.
Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Мӕрдтӕ сӕхӕдӕг ныгӕнӕнт сӕ мӕрдты. Ды та цу ӕмӕ хъусын кӕн Хуыцауы Паддзахады уац».
Уый ӕхсӕвы ӕрбацыди Йесомӕ ӕмӕ Йын загъта: «Равви, мах зонӕм, Ды, Хуыцауӕй Чи ӕрцыд, ахӕм Ахуыргӕнӕг кӕй дӕ. Уымӕн ӕмӕ, Ды цы диссӕгтӕ аразыс, уыдон саразын никӕй бон бауыдзӕн, Хуыцау йемӕ куынӕ уа, уӕд».
Петр мидӕмӕ куы бахызт, уӕд Корнелий рацыд йӕ размӕ ӕмӕ йӕхи Петры къӕхтӕм ӕрӕппӕрста.
Ныфсджынӕй ӕмӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ дзырдта Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы тыххӕй.
Мӕстӕй мардысты апостолтӕм, уымӕн ӕмӕ уыдон адӕмы ахуыр кодтой ӕмӕ дзырдтой, Йесо куыд райгас ис, мӕрдтӕ дӕр афтӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ.