Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Матфей 10:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уыцы дыууадӕсы Йесо арвыста ахӕм фӕдзӕхстимӕ: «Ма бацӕут нӕдӕр муртаттӕгтӕм, нӕдӕр искӕцы самариаг сахармӕ,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Матфей 10:5
27 Iomraidhean Croise  

Уый йӕ цагъарты хонӕг арвыста, фӕлӕ хуынд адӕмы чындзӕхсӕвмӕ ӕрбацӕуын нӕ бафӕндыд.


«Денджызмӕ фӕндагыл, Иорданы фаллаг фарс — Зевулон ӕмӕ Неффалимы зӕхх! Муртаттаг Галилей!


Йесо фӕсидти Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сӕ дыгӕйттӕй адӕмы ахуыр кӕнынмӕ ӕрвитын райдыдта, ӕнӕзӕгъинӕгты сурыны тых сын радта


Уый фӕстӕ ма Йесо ноджыдӕр ӕвдай дыууӕ ахуыргӕнинаджы равзӕрста ӕмӕ сӕ дыгӕйттӕй арвыста Йӕ разӕй, цӕуинаг кӕдӕм уыди, уыцы сахартӕ ӕмӕ хъӕутӕм.


Уалынмӕ уыцы фӕндагыл иу самариаг фӕцӕйцыди. Лӕгмӕ куы бахӕстӕг ис ӕмӕ йӕ куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта.


Йесойы къӕхты раз зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ Йын арфӕ кодта. Уыцы лӕг уыди самариаг.


Йесо фӕсидти Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сын радта тых, цӕмӕй ӕппӕт дӕлимонтыл дӕр сӕ бар цӕуа ӕмӕ адӕмы дзӕбӕх кӕной сӕ низтӕй.


Арвыста сӕ адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады уац фехъусын кӕнынмӕ, стӕй рынчынты дзӕбӕх кӕнынмӕ.


Ды Мӕн дунемӕ куыд рарвыстай, афтӕ сӕ Ӕз дӕр арвыстон дунемӕ.


Йесо та сын дыккаг хатт загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут! Мӕ Фыд Мӕн куыд рарвыста, афтӕ Ӕз дӕр сымах ӕрвитын».


Нӕ фыдӕлтӕ ацы хохыл куывтой Хуыцаумӕ, сымах та, иудейӕгтӕ, афтӕ зӕгъут, кувын кӕм ӕмбӕлы, уыцы бынат Йерусалимы ис, зӕгъгӕ».


Ӕмӕ, Йаков йӕ фырт Йосефӕн цы зӕххы хай радта, уымӕ хӕстӕг, Сихар, зӕгъгӕ, уыцы самариаг сахармӕ бацыди.


Самариаг сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ды иудейаг куы дӕ, уӕд мӕнӕй, самариагӕй, дон куыд курыс?» (Афтӕ та уымӕн загъта, ӕмӕ иудейӕгтӕ самариӕгтыл не ’рвӕссынц.)


Иудейӕгтӕ сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уагӕр кӕдӕм у цӕуинаг, мах Ӕй кӕм не ссардзыстӕм? Кӕд, мыййаг, бердзенӕгты ’хсӕн дзуттӕгтӕ кӕм цӕрынц, уырдӕм цӕуынвӕнд кӕны, цӕмӕй уым бердзенӕгты ахуыр кӕна?


Иудейӕгтӕ Йын загътой: «Уӕдӕ Дӕ мах самариаг ӕмӕ хӕйрӕджыты сайд дзӕгъӕлы хонӕм?»


Фӕлӕ Сыгъдӕг Удӕй куы схайджын уат, уӕд уӕм фӕзындзӕни тых, ӕмӕ Мын ӕвдисӕнтӕ уыдзыстут Йерусалимы ӕмӕ ӕгас Иудейы, Самарийы ӕмӕ суанг арвы кӕрӕттӕм».


Петримӕ чи ӕрцыд, уыцы уырнджытӕ сунӕтгӕндтӕ уыдысты; ӕмӕ муртаттӕгтӕ дӕр Сыгъдӕг Удӕй кӕй схайджын сты, уый сӕ дисы бафтыдта.


Стефаны кӕй амардтой, уый Савл растыл нымадта. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Йерусалимы аргъуаны уӕнгты тынг ӕфхӕрын райдыдтой, ӕмӕ, апостолтӕй фӕстӕмӕ, се ’ппӕт дӕр ныххӕлиу сты Иудей ӕмӕ Самарийы алы къуымты.


Мах муртаттӕгтӕн хъусын кӕнӕм Фарны Уац сӕ фервӕзыны сӕраппонд, ӕмӕ нын иудейӕгтӕ ӕвӕрынц цӕлхдуртӕ. Афтӕмӕй ӕдзух ӕфтауынц тӕригъӕд тӕригъӕдыл — афтӕ сын сбирӕ сты, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг баййӕфта Хуыцауы азар.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan